филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:07 пятница, 26 апреля 2024
18 июня 2019, 12:00
Алагиры районы цæугæдон Æрыдоны сæрты сараздзысты ног хид

Фæндæгтæ цалцæггæнæн аразæн разамынд «Кавказ»-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй куыстытæ цæудзысты Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагыл 33 километры.

Алагиры районы цæугæдон Æрыдоны сæрты сараздзысты ног хид. Фæндæгтæ цалцæггæнæн аразæн разамынд «Кавказ»-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй куыстытæ цæудзысты Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагыл 33 километры. Проектмæ гæсгæ 1 километр æмæ 500 метры уаццаджы уыдзæн машинæтæ цæуæн 4 хайы. Хидæн та йæ дæргъ уыдзæн 200 метры, йæ уæрх та 20 метры. Зæронд хид нырыккон домæнтæн дзуапп нал дæтты, æмæ ног куы байгом уа, уый та нысан кæнынц 2021–æм азы ноябры, уæд дзы пайда кæндзысты фистæгæйцæуджытæ. Æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынæн 4 км дæргъы сæвæрдзысты бырутæ, стæй рухсгæнæнтæ. Алагирмæ хæстæг сараздзысты 2 æрлæууæны, фæндагмæ хæстæг чи цæры, уыдоны та цæмæй машинæты хъæр ма хъыгдара, уый тыххæй сæвæрдзысты хъæрмынæг экран. Стæй сараздзысты къахвæндæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania