филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:48 пятница, 26 апреля 2024
16 октября 2020, 10:33
Алагиры саив кодтой Комсомольскийы уынджы сквер

Ныр дзы ис æнцон цæуæн къахвæндæгтæ, сæвæрдтой дзы бандæттæ, стæй æххæстгонд у рухсгæнтæй

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ Алагиры саив кодтой Комсомольскийы уынджы сквер. Байгом æй кодтой кадджын уавæры.  Уый размæ ацы бынаты ницы уыд. Цæмæй йæ рацаразой, уый тыххæй конд æрцыд ахадгæ куыст. Ныр дзы ис æнцон цæуæн къахвæндæгтæ, сæвæрдтой дзы бандæттæ, стæй  æххæстгонд у рухсгæнтæй. Адæмы цæст ма рæвдауынц аив къутæртæ, бæлстæ, стæй цъæх кæндæг. Сквер байгом кæнын амалы архайдтой бынæттон цæрджытæ. Уæвгæ парти  «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ ацы аз рацаразын бантыст цæрæн хæдзæрдты 11 кæрты. Уыимæ ма Баситы Чабæханы номыл уынджы иу парк. Уый дæр фæнд кæнынц рæхджы байгом кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania