филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 четверг, 09 мая 2024
12 ноября 2020, 12:37
Аланийыл саргъауыны 1100 азы кадæн бакуыстой, сыгъдæг бынæттæм цæуæг фæндæгты цалцæджы программæйыл

Бацæттæ кодтой проектон документаци, Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хиды рацарæзтæн

Аланийыл саргъауыны 1100 азы кадæн Цæгат Ирыстоны бакуыстой, сыгъдæг бынæттæм цæуæг фæндæгты цалцæджы æмæ рацарæзты программæйыл. Бацæттæ кодтой проектон документаци, Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хиды рацарæзтæн. Хид цæуы нæлгоймæгты алайнаг моладзандонмæ. Нырма уал дзы скодтой рæстæгмæ хид, цæмæй дзы транспортæн цæуæн уа, уый тыххæй. Фæндаггон кусджытæ ныридæгæн рахизфарсы рдыгæй бындур сæвæрдтой ног хидæн цæджындз. Йæ дæргъ у 16 метры. Уæвгæ та æмтгæй райсгæйæ ног арæзтады дæргъ уыдзæн 30 метры, йæ уæрх та 12 метры. Уыдзæн дзы дыууæ фарсы. Алкæцырдыгæй фæйнæ 3 метры æмæ рдæг. Уымæй дарддæр дзы фæзындзысты фистæгæйцæуджытæн къахвæндæгтæ дæр, метры бæрц сæ уæрх, афтæмæй. Куыстытæ куы фæуой, уæд ног хиды рахизырдыгæй зæронд хид айсдзысты, æмæ фæллойгæнджытæ цæджындз сæвæрдзысты галиуырдыгæй дæр. Ног хид дзуапп дæтдзæн тæккæ нырыккондæр домæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania