Фæсивæды проекттæн аргъ кодтой федералон эксперттæ. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй 13 райстой гранттæ.
Ацы аз «Машук»-ы фыццаг хатт уыди æртæ фæлтæры.
Фæсивæды проекттæн аргъ кодтой федералон эксперттæ. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй 13 райстой гранттæ. Се хсæн Ирма Гаугаева. Йæ социалон проект у «Прыжок в атмосферу». Баст у, аутизм кæмæ ис, ахæм сывæллæттæн æххуыс кæнынимæ.
«Машук»-ы Ирмæ архайы 3-аг хатт. Фæлæ ацы проект жюрийы размæ рахаста фыццаг хатт. Чызгæн хорзыл банымадтой, кусæнгæрзтыл цы хъуамæ бахардз кæна, уыцы æхцайæн се мбис æрмæстæдр. Сæрмагонд физкультурæйæ Ирмæ архайы цалдæр азы. Ахуыртæ ацыди Санкт-Петербурджы. Цæгат Ирыстоны ахæм специалисттæ нæй, фæлæ ацы процедурæйæ спайда кæнын кæй фæнды, ахæм адæм бирæ. Ныртæккæ Ирмæ кусы 20 хъомылгæнинагимæ.