филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:37 пятница, 26 апреля 2024
19 января 2021, 12:38
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд ветеранты Совет сæрдар Фриаты Хъазыбегимæ

Республикæйы разамонæг раарфæ кодта бæрнон кусæгæн, æмæ йын йæ ног куысты бынаты йæ зæрдæ загъта æнтыстдзинæдтæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд хæсты, фæллойы, æфсæддон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты ветеранты Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы регионалон хайады сæрдар Фриаты Хъазыбегимæ. Республикæйы разамонæг раарфæ кодта бæрнон кусæгæн, æмæ йын йæ ног куысты бынаты йæ зæрдæ загъта æнтыстдзинæдтæ. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы организаци нымад у æппæтæй пайда æмæ ахадгæдæрыл граждайнаг æхсæнады. Йæ хæстæм хауы, куыд ветерантæн æххуыс кæнын, афтæ рæзгæ фæлтæры раст хъомыладыл кусын æмæ семæ рухстауæн архайд кæнын. Фриаты Хъазыбег йæхи хъæбатырæй равдыста нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхты рæнхъыты, архайдта Хуссар Ирыстоны æфсæддон цауты дæр. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, Хъазыбег дарддæр хæццæ кæндзæн, организацийы раздæры разамонæг Къаболаты Солтан цы традицитæ ныффидар кодта, уыдон. Цæгат Ирыстоны ветеранты Совет хуыздæрыл нымад у канд Цæгат Кавказы федералон зылды нæ, фæлæ ма Уæрæсейы хсæн дæр. Уыцы традицитæ хъæуы дарддæр хæццæ кæнын, республикæйы разамынд та сын æххуыс кæндзæн дарддæр, загъта сæргълæууæг. Фриаты Хъазыбег Битарты Вячеславæн загъта арфæйы ныхæстæ йæ ахастдзинады тыххæй. Бæстон æрлæууыдысты организацийы дарддæры архайдыл, стæй ацы азмæ цы нысантæ сæвæрдтой, уыдоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania