филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:48 пятница, 26 апреля 2024
20 января 2020, 17:00
Битарты Вячеславы разамындæй ацыди нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтыл арæзт доклад-ныстуан бацæттæ кæныны тыххæй æмбырд

Бындуронæй æрлæууыдысты, Владимир Путин федералон æмбырды размæ цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон царды куыд æххæсгонд цæуынц, ууыл

Битарты Вячеславы разамындæй ацыди нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтыл арæзт доклад-ныстуан бацæттæ кæныны тыххæй æмбырд. Бындуронæй æрлæууыдысты, Владимир Путин федералон æмбырды размæ цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон царды куыд æххæсгонд цæуынц, ууыл. Республикæйы Сæргълæууæг министртæн æмæ ведоствæты разамындæн бахæс кодта, Президенты уынаффæтæм æркæсын æмæ сæ сæххæст кæнынмæ бавналын. Адæмы цардархайды уавæртæ, социалон къабаз, мæгуырдзинадимæ тох, ацы темæтæ уыдысты сæйрæгты æмрæнхъ бæстæйы разамонæджы æрвылазон ныстуаны. Цæгат Ирыстоны ныридæгæн дæр ис бæлвырд хъуыддæгтæ конд адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн. Афтæ, ацы азы республикон бюджетмæ хаст æрцыдысты уæлæмхасæн 300 милуаны, уыдон хардзгонд æрцæудзысты ахуыргæнджыты куысты мыздыл. Мæгуырдзинадимæ тох хъæуты райдыдта фæлварæн проектæй. Радзоджы 14 фæкæсынхъуаг бинонтæн радтой стурвос. Ахæм мадзæлттæ ацы аз ацæудзысты Мæздæджы районы Комаровойы хъæуы æмæ Горæтгæрон районы Дæргъæвсы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania