филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:04 пятница, 26 апреля 2024
30 сентября 2020, 14:37
Быдыры Дæргъæвсы уынгты рацæугæйæ дыл дзы адæймаг стæм хатт фембæлдзæн

Кæддæр стыр хъæуы, ныртæккæ цæры цыппар сæдæмæ хæстæг

Быдыры Дæргъæвсы уынгты рацæугæйæ дыл дзы адæймаг стæм хатт фембæлдзæн. Кæддæр стыр хъæуы, ныртæккæ цæры цыппар сæдæмæ хæстæг. Уыдонæй дæр бирæтæ хъæумæ æрцæуынц фæлладуадзæн бонты. Фæлæ хъæуы сæрдар Базраты Мананæйæ уырны сæ хъæуы цæрджыты нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн, уый. Æвæццæгæн ын йæ  уыцы хъуыдытæ кæй æмбарынц дæргъæвсæгтæ, уымæй йæ сæвзæрстой дыккаг хатт, аууæндынц ын йæ разæнгарддзинадыл.

Быдыры Дæргъæвсы цæрджытæ æмбарынц Мæнанæйы фæллой, æма дзы сты арфæйаг.

Рухс цардмæ цæугæйæ хъæуы Федералон программæтæм гæсгæ конд цæуынц ногдзинæдтæ дæр, æнхъæлмæ дæр кæмæ нæ кастысты, ахæмтæ. Рæхджы сын фадат уыдзæн сæ уæгъд рæстæг сæрмагонд аив фæзы æрвитынæн. Фидæны ма дзы фæнд кæнынц сывæллæттæн хъазæн бынат саразын. Базраты Мананæ алы бон дæр архайы хъæуы цæрджытæн райдзаст цард аразыныл. Куы йæ бафарстон, ныр æй дыккаг хатт куы нæ сæвзæрстаиккой, уæд йæ куыстытæй æнæкондæй цы баззадæид зæгъгæ, уæд  загъта, ацæгæй дæр кæй тыхст, уыцы хъуыддагыл. Тынг æй фæнды хъæуы раздæры зæххытæ куы раздахиккой  хъæумæ, æмæ дзы фæсивæд куы архаиккой. Уæдæ йæ зæрдæ дары, фæсивæд хъæумæ кæй раздæхдзæн, ууыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania