Уыдзæн Мæскуыйы 30-æм октябрæй -3-æм ноябрьмæ
Дигорайы æвзонг футболисттæ архайдзысты Æппæтуæрæсейон фестивалы, уыдзæн Мæскуыйы 30-æм октябрæй -3-æм ноябрьмæ. Уым архайынц регионты кæртыты футболæй уæлахиздзаутæ. Сты 69 регионæй мин æвзонг футболистæй фылдæр. Дигорайаг командæ цæмæй ахæм бæрнон ерыстæм бахауа, уый тыххæй йæ ам хъуыд 50 республикон командæйы рамбулын. Сывæллæтты кæртыты футболы фестиваль æппæт бæстæйы арæзт цæуы куыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Сывæллæтты спорт». йæ нысан у рæзгæ фæлтæры хсæн спорт райрæзтыл кусын. Фестивалы регионалон къæпхæны архайдтой Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Æрыдоны, Дигорайы, Æрæфы, Рахизфарсы, Горæтгæроны æмæ Мæздæджы футболон коомандæтæ. Æдæппæтæй муниципалон æмæ регионалон къæпхæны архайдта 500 æвзонг футболисты.