27 января 2020, 13:06
Дзæуджыхъæуы номарæн æмæ мысæн мадзал арæзт æрцыд, æнæ аххосæй кæй амардтой, уыцы хъазахъхъæгты номыл
Æфсæддон Иоанны номыл аргъуаны æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны хъазахъхъæгтæ
Дзæуджыхъæуы номарæн æмæ мысæн мадзал арæзт æрцыд, æнæ аххосæй кæй амардтой, уыцы хъазахъхъæгты номыл. Æфсæддон Иоанны номыл аргъуаны æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны хъазахъхъæгтæ. Аргъуыд сарæзта протоиерей Георгий Хворостьянов. Ацы аз бæрæггонд цæуы хъазахъхъæгты скуынæг кæныны 101 азы бон. Уæ зырдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъазахъхъæгты ныхмæ директивæ бафыстой 24-æм январы 1919-æм азы. Депортаци æмæ репресситы амæттæгты нымæц ныры онг дæр нæ республикæйы бæрæг нæу.