филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:05 пятница, 26 апреля 2024
14 октября 2020, 11:18
Дзуццаты Алетæйæн баххуыс кæныны тыххæй фæрæзтæ æмбырд кæныны хыгъд æхгæд æрцыди

Ацы бонты зæрдæхæлар адæймаг, йæ ном схуыдта Иван, Алетæйы хыгъдмæ барвыста 2 милуаны æмæ 5 сæдæ мин сомы

Беслæныхъæуæй 51-аздзыд Дзуццаты Алетæйæн баххуыс кæныны тыххæй фæрæзтæ æмбырд кæныны хыгъд æхгæд æрцыди. Ацы бонты зæрдæхæлар адæймаг, йæ ном схуыдта Иван, Алетæйы хыгъдмæ барвыста 2 милуаны æмæ 5 сæдæ мин сомы. Амæй размæ йæхæдæг цы фæрæзтæ æрæмбырд кодта, æмæ йын республикæйы цæрджытæ цæмæй баххуыс кодтой, уыдон ын ныр фаг сты Мæскуыйы клиникæйы сдзæбæх кæнынмæ. Æдæппæтæй йæ хъуыди 2 милуаны æмæ 612 мин сомы. Дзуццаты Алетæмæ ис лимфедемæ. Уыцы низы аххосæй нал фæкусы, лимфатическая системæ кæй хонынц, уый. Адæймагæн ныддынджыр вæййынц йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ. Æппынæдзух вæййы рæсыд. Алетæйы тыххæй нæ эфирты дæр дзырдтам. Равдыст ыл бацæттæ кодтой программæ «Пульс»-ы фæлгæты. Йæ телеграмм каналы фæрæзтæ æмбырд кæнынмæ фæсидтис телеканал Russia Today. Йе ххуысы хай бахаста сæйраг редактор Маргарита Симоньян дæр. Проект «Мы вместе»-йы фæрцы Дзуццаты Алетæйы тыххæй базыдта фылдæр адæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania