филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:59 пятница, 26 апреля 2024
21 октября 2020, 12:11
Хæрзаудæн фонд «Спасательный круг» æмæ «Стыр ныхас»-ы уæнгæ акцитæ аразынц республикæйы районты

Сæ сæйраг нысан у, рæзгæ фæлтæры зианхæссæг фæзындтæй бахъахъхъæнын

Хæрзаудæн фонд «Спасательный круг» æмæ «Стыр ныхас»-ы уæнгæ акцитæ аразынц республикæйы районты. Сæ сæйраг нысан у, рæзгæ фæлтæры зианхæссæг фæзындтæй бахъахъхъæнын. Æмбæлынц фæсивæдимæ, æмæ семæ кæнынц æмбарынгæнæн ныхас. Уæвгæ, ацы мадзæлттæм се ргом здахынц цалдæр азы. Се ххуысæй раст фæндагыл слæууын кæмæн бантыст, уыдоны нымæц  абон чысыл нæу. Хæуытаты Зитæ радзурдзæн дарддæр.

Нæ дуджы сагъæссагдæр фарстатæй иу у фæсивæдæй бирæтæ наркотиктыл кæй  бафтыдысты, уый. Ацы фарста лыг кæныныл æмæ  фæсивæд раст фæндагыл сывæрыныл  архайынц æмæ кусынц нæ республикæйы дæр. Арæзт цæуынц алыхуызон программæтæ æмæ мадзæлттæ. Хъазуатонæй  сыл чи архайы æмæ кусы, уыдонæй иу у æхсæнадон хæрзаудæн фонд «Спасательный круг», йæ сæргълæууæг Дзгойты Геннадиимæ. 2006 азæй нырмæ æрмæст фæсивæдимæ нæ архайынц профилактикæйыл, фæлæ ма  кусынц, ацы низы уацары чи  ис, ахæмтимæ дæр. Раздахын æмæ раст фæндагыл слæууын кæмæн бантыст, уыдоны нымæц  абон чысыл нæу. Азæй азмæ фонд саразы фембæлдтытæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ  скъолаты  æрмæст горæты нæ, фæлæ ма нæ республикæйы районты дæр. Ацы аз дæр та райдыдтой сæ куыст.

Фембæлдтытæ  арæзт  цæуынц æхсæнадон хæрзæраудæн фонд «Спасательный круг» æмæ  районты администрациты хъæппæрисæй.

Æмæ кæд фонды сæргъллæууæг Дзгойты Геннадий, стæй йæ фарсмæ чи рбæлæууы, уыдонæн сæ куысты уавæртæ хуыздæрхъуаг вæййынц, уæддæр архайынц. Цы акцитæ саразынц, уыдонæн сæ сæйраг нысан у – рæзгæ фæлтæрæн бамбарын кæнын, наркотиктæ цы зиантæ хæссынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania