филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:12 суббота, 27 апреля 2024
30 сентября 2020, 14:33
Хъарм бацæудзæн алы хæдзармæ дæр

Уый тыххæй хъусын кæнынц горæты хъармдæттæг хызты куыстуаты специалисттæ

Хъарм бацæудзæн алы хæдзармæ дæр. Дзæуджыхъæуы цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц горæты хъармдæттæг хызты куыстуаты специалисттæ. Ныридæгæн базылдысты кусæнгæрзтæм, цæмæй уазæлттæм скусой 42 хъармгæнæн пункты.

Ног донцъирæнтæ, нырыккон фæсарæйнаг агтæ, сыгъдæг æмæ, бирæ азты чи лæггад кæндзæн, ахæм хæтæлтæ. Ацы хъармгæнæныл 10 азæй фылдæр цæуы, фæлæ кусы иттæг хорз. Уый къухы фты, æппынæдзухдæр модернизаци кæй цæуы, уый фæрцы. Йæ фарсмæ цы хъармгæнæн ис, уым ма хæрзæрæджы дæр йе скусын кæнынæн хъуыди 3 адæймаджы. Ныртæккæ та скусы иу æрхæцтæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй нырыккон кусæнгæрзтæ фадат канд æнцондæр эксплуатацийæн нæ радтой, фæлæ ма йæ архайд сси бирæ æдасдæр. 

Дзæуджыхъæуы егъаудæр хъармгæнæнтæй иу ис Дзусаты Ибрагимы уынджы. Æрæджы йæм базылдысты æмæ йæ сног кодтой. Ацы аз специалистты бахъуыди ревизи скæнын æмæ, чи нал кусы, уыцы кусæнгæрзтæ баивын. Ацы хъармгæнæн лæггад кæны цалдæр микрорайонæн. Уый та у 60 мин адæймагæй фылдæр. Ам егъау куыстытæ бакодтой. Баивтой газуадзæн хæтæлтæ, сæвæрдтой дзы æлхъывдад барæнтæ. Ацы æмæ æндæр мадзæлтты фæрцы хъармгæнæн бацæттæ кодтой фæззыгон-зымæгон сезонмæ. Дзæуджыхъæуы хъармдæттæг хызты куыстуаты минæвæрттæ цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой фарон кæнын. Æмтгæй райсгæйæ, нæ республикæйы эксплуатацимæ цæттæ сты 42 пункты. Уым баивтой 9 аджы, аст та ма цалцæг скодтой. Уымæй дарддæр æппæт хъармгæнæнты цæуы модернизаци, æмæ автоматизаци. Бæрнон куыстуаты специалистты ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæу уазæлттæм у æххæстæй цæттæ.

Хæдзæрттæм хъарм кæд ратдзысты, уый бæлвырд бæрæг нæма у. Куыд алы аз, афтæ та ныр дæр хъарм ратдзысты, уæлдæфы температурæ 5 суткæйы фæд-фæдыл 8 градусæй ныллæгдæр куы уа, уæд. Уый та, рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ уыдзæн октябры астæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania