Ныртæккæ цæрæгойтæ æнкъард кæнынц сæ ивгъуыд æрвылбоны цардыл
Хи изоляцийы уавæртæ æххæст кæнын æнцон нæу, фæлæ абоны боны у ахсджиаг. Уыимæ канд адæмæн нæ, фæлæ цæрæгойтæн дæр.
Æнæбары хиипæрд. Ныр дыккаг мæй Дзæуджыхъæуы сырддон у æхгæд. Ам цæры 20 цæрæгойæ фылдæр. Æрæрджы сæм бафтыдысты сæнычытæ, стæй мæлхъытимæ сæрмагонд бынат.
Сырдты паддзах домбай æмæ йæ бинонтæ хурмæ зивæггæнгæ фынæй кæны, уый хыгъд маймулитæта та сæхи хъæлдзæг дарынц. Фыццаг хатт сæ цæрæнбынаты цур адæм нæй.
Сырддоны цæрджытæн сæ хъысмæт хуымæтæг нæу. Хъæддаг куыдз Вася, зæгъæн ис, æмæ йæ фæстаг бонтæ цæры, фæлæ уæддæр йæ иу дæндагимæ раст цыма цуаны ис, афтæ йæхи дары. Бирæгътæй иу гыццыл ма куы уыд, уæд къæпхæны бахауд, цуанæттæ йын фæтæригъæд кодтой æмæ сырддонмæ æрбахастой, иннæ бирæгъы та сын æрбахаста йæ хицау. Сыхаг бынаты та бирæ азты цæры ацæргæ арс, раздæр куыста цирчы, хъуамæ йæ бафынæй кодтаиккоæй, фæлæ йæ сырддоны аирвæзын кодтой. Ныр арс йæ зхæрдæйы дзæбæхæн йæхи доны найы.
Ныртæккæ цæрæгойтæ æнкъард кæнынц сæ ивгъуыд æрвылбоны цардыл. Сахуыр сты адæмы цымыдисаг цæстæнгасыл, стæй сын цы зæрдæлхæнæн хæринæгтæ хастой, ууыл, æмæ ныр æнхъæлмæ кæсынц.
Цæмæй бæхтæн сæ уынд, сæ конд ма фехæла, уый тыххæй æрвылбон семæ хъæуы кусын, фæлæ иуæй -иутæ зивæг кæнынц, æмæ сыл сæрмагонд фæтк фæбæрæг.
Ацы сырдтæ сахуыр сты, кæй сыл аудынц, ууыл, æмæ сæ сæрибарæй куы ауадзой, уæд сын фесæфынæй у тæссаг. Уымæ гæсгæ сырддоны кусджытæ архайынц цæрæгойты зæрдæхудты ма бацæуын.