филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:34 пятница, 26 апреля 2024
04 декабря 2019, 12:29
Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æрныхас кодта журналисттимæ

Фембæлд уыди, проект «Хицауадимæ æргом ныхас» æххæстгæнгæйæ.

Кæлæтдзаг хæдзæрттæ, бындурон цалцæджы фиддонтæ, дондзæуæн системæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл журналисттимæ æрныхас кодта республикæйы Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Фембæлд уыди, проект «Хицауадимæ æргом ныхас» æххæстгæнгæйæ. Бæлццæттæласæн транспорты куысты фарстаты фæдыл бæрнон кусæг загъта, 150 рейдæй фылдæр конд кæй æрцыди, уый. Хатдзæгтæм гæсгæ, 16 шофырæн райстой сæ лицензитæ. Бæлццæттæ пайда кæнынц ног технологитæй. Ныр чырæ хæтæлты уылты базонæн ис, 51-æм æмæ 52-æм автобустæ цы рæстæгыл цæуынц, уый. Æмбырды ма цы фарстатыл цыди ныхас, уыдоны хсæн – кæлæддзаг хæдзæрттæ. Фадзайты Æхсарбег куыд загъта, афтæмæй æнæнысанон федералон программæтæй нырыккон фатертæй сифтонг кæнын республикæйы бон нæу. Абоны бонмæ кæлæддзагыл нымад сты 29 мин квадратон метры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania