филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:08 суббота, 27 апреля 2024
17 февраля 2020, 17:40
Къухтæ арæхдæр æхсын, бирæ адæм кæм æмбырд кæны, уырдæм арæх ма цæуын, иммунитет фидардæр кæнын

Ахæм амынддзинæдтæ кæнынц медиктæ-волонтертæ скъоладзаутæн

Къухтæ арæхдæр æхсын, бирæ адæм кæм æмбырд кæны, уырдæм арæх ма цæуын, иммунитет фидардæр кæнын. Ахæм амынддзинæдтæ кæнынц медиктæ-волонтертæ скъоладзаутæн. Абон Дзæуджыхъæуы бирæ скъолаты фембæлдысты ахуыргæнинæгтимæ, æмæ сын радзырдтой, хи раст куыд дарын хъæуы, цæмæй ма фæрынчын уой, уый тыххæй. Сывæллоны организм лæмæгъдæр у вирустæм æмæ инфекцитæм, зæгъынц специалисттæ. Уымæ гæсгæ сын амонынц æдасдзинады мадзæлттæ. Уыимæ уæлдай лæмбынæгдæр. Бæлвырддæр та хъæуы сæрмагонд фæтк æххæст кæнын. Хæрзхъæд хойрæгтæ хæрын, карз уавæртæй хи хъахъхъæнын, æмæ афтæмæй иммунитет фидардæр кæнын. Ахсджиаг у спортæй архайын дæр. Уыцы-иу рæстæг, бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, уырдæм та цæуæн нæй. Гриппы, æхснырсæджы æмæ коронавирусы ныхмæ æппæтæй ахадгæдæр мадзæлттæй иу у медицинон маскæ дарын, æмæ къухтæ арæхдæр сапонимæ æхсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania