филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:09 пятница, 26 апреля 2024
14 ноября 2019, 12:40
Мæгуырдзинадимæ тохы сæрмагонд программæ нæ республикæйы æрæджы райдыдта кусын

Ацы бонты Раздзоджы 16 бинонтæн бакодтой ахадгæ æххуыс, балæвар сын кодтой стурвос

Мæгуырдзинадимæ тохы сæрмагонд программæ нæ республикæйы æрæджы райдыдта кусын. Фæлæ йын уыцы цыбыр мгъуыдмæ дæр ис хорз хатдзæгтæ скæнæн. Зæгъæм, Рахизфарсы районы хъæу Раздзог нымад æрцыд Цæгат Ирыстоны æппæтæй фæкæсынхъуагдæр цæрæнбынæттæй иу. Уымæ гæсгæ йæм стыр æргом аздæхтой бæрнон кусджытæ. Ацы бонты Раздзоджы 16 бинонтæн бакодтой ахадгæ æххуыс, балæвар сын кодтой стурвос. Куыд фæзындзæн ацы цау бинонты цардыл, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Фæстаг 10 азмæ Мсойты Лидæйæн йæ хъомдоны бынат уыд афтид. Ныр райста республикæйы хицауады лæвар æмæ йæм фæзындысты дуцгæ хъуццытæ Мартæ æмæ Янæ. Пенсиисæгæн уый хорз фæрæз уыдзæн. Лидæ фидæнмæ нысан кæны цыхт ахсын æмæ йæ уæй кæнын.

Фæлварæн проект фæкæсынхъуаг бинонтæн баххуыс кæнын æххæстгæнгæйæ Раздзоджы 16 бинонтæ лæварæн райстой хъуццытæ. Иуæй иутæ та 2-гæйттæ дæр. Хъæуы администрацийы æууæндынц, цыбыр рæстæгмæ бинонты бæркадыл кæй фæзындзæн.

Хъæууон хæдзарады министрады зæгъынц, советон рæстæджы бынæттон цæрджытæ фылдæр совхозы фæллой кодтой. Фæлæ рацарæзты фæстæ æгуыстæй баззадысты. Абон Раздзог социалон æгъдауæй нымад у æппæты мæгуырдæрыл. Уымæ гæсгæ ног проект царды рауадзын сфæнд кодтой ацы хъæуæй. 

Теблойты Риммæмæ ныр ис 4 хъуджы. 2 уыд йæхимæ, 2 та йын лæвар  бакодтой.Ныр ын царды æнцондæр уыдзæн, зæгъы сылгоймаг. Уымæн æмæ цы цыхт ахсы, уымæ рады фæлæууынц. 

Хъæууон хæдзарады æхсыр цы фæкæндзысты, ууыл дæр ахъуыды кодтой. Заманхъулы ног азæй фæстæмæ кусын райдайдзæн æхсыры куыстгæнæн цех.

Базарады æргътæм гæсгæ иу стуры  аргъ у 70 мин сомы. Бирæтæм ахæм фæрæзтæ нæй. Поекты фæткмæ гæсгæ та 5 азы дæргъы хъугæн ауæй кæнæн нæй. Республикæйы хицауады та ис æууæнк, ахæм лæвæртты фæрцы адæмæн се стурвосы нымæц кæй сбирæ уыдзæн. Æмæ уæд республикæйы цæрджыты æфсадæн уыдзæн экологон æгъдауæй хæрзхъæд продукцийæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania