филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:53 пятница, 26 апреля 2024
10 декабря 2019, 12:05
Мæздæджы арæзт æрцыд форум «Фæсивæд экстремизмы ныхмæ»

Сæ ныхасмæ æрбахуыдтой куыд хистæр, афтæ кæстæр кары адæмы, бынæттон разамынды минæвæртты стæй пысылмон дины кусджыты

Мæздæджы арæзт æрцыд форум «Фæсивæд экстремизмы ныхмæ».

Сæ ныхасмæ æрбахуыдтой куыд хистæр, афтæ кæстæр кары адæмы, бынæттон разамынды минæвæртты стæй пысылмон дины кусджыты. Алкæмæн дæр фадат уыд йæ хъуыдытæ зæгъынæн, бæлвырддæр та социалон хызтæн ныртæккæйы царды цы нысаниуæг ис, уый тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй арæхдæр социалон хызтæ ивын райдыдтой кæрæдзиимæ комкоммæ ныхас. Афтæмæй та мынæг кæнынц адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, зæгъынц эксперттæ. Уымæн æмæ адæм фылдæр æууæндын райдыдтой социалон хызтыл. Уымæй активонæй пайда кæнынц алы хуызы фыдгæнджытæ. Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахсджиаг у, Уæрæсейы Федерацийы закъоны бындурыл цы барадон хъуыддæгтæ сфидар кодтой, уыдоныл кусын, экстремизмы фæзындтæ не руадзын. Стыр æргом адæхтой фæсивæды раст хъомыладмæ дæр, цæмæй сæ радикалон организацитæм мачи здæха, уый тыххæй. Уымæй дарддæр бæрнон кусджытæ сæ докладты куыд загътой, афтæмæй алы специалисттæ сæ къабæзты пайда кæнынц экстремизмы профилактикон мадзæлттæй, дины æмæ национ политикæйы хуыздæр хъуыддæгтæй. Æмбырд саразыныл бакуыстой нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл Министрад, фæсивæды хъуыддæгты комитет, стæй ахуырады æмæ наукæйы министрад. Ацы ведомствотæ дарддæр дæр æмгуыстад кæндзысты экстремизмы профилактикæйыл. Мæздæджы районы æппæтæй ирддæр зынынц æмæ ахадгæ сты профилактикæйы мадзæлттæ, уымæн æмæ ам цæры 50 адæмыхаттæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania