филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:36 пятница, 26 апреля 2024
29 января 2020, 17:10
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хос «Лирика» чи парахат кодта

Сæрмагонд службæ раргом кодта къорды цыппар архайæджы дæр, стæй тыхджын хос куыд æмæ кæм парахат кодтой, уый

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хос «Лирика» чи парахат кодта, ахæм фыдгæнджыты къорд. Сæрмагонд службæ раргом кодта къорды цыппар архайæджы дæр, стæй тыхджын хос куыд æмæ кæм парахат кодтой, уый. Наркотикты зилдухмæ цæстдарды управленийы кусджытæ байстой 500 граммы «Лирика», уый у мин хосы бæрц. Фæнд сæ кодтой республикæйы территорийы ауæй кæнын. Фыдгæнджытыл се ппæтыл дæр байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Ныр сæм æнхъæлмæ кæсы 5 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania