филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:46 пятница, 26 апреля 2024
15 октября 2020, 12:22
Паддзахадон фæсивæдон политикæйы мадзæлттыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Битарты Вячеслав

Паддзахадон фæсивæдон политикæйы 2021-æм азмæ кæй снысан кодтой, стæй 22-æмæй – 24-æм азмæ кæй æххæст кæндзысты, уыцы мадзæлттыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Æмбырды уæвджыты ргом аздæхта, æппæт хъуыддæгтæм лæмбынæг æркæсын. Бæлвырддæр та хъуамæ иннæ аз фæсивæдон политикæйы программæ æххæст кæнынæн фæрæзтæ бавæрой бюджеты проектмæ. Æнæмæнг хъæуы кусын волонтерты змæлды рæзтыл. Уый хъуамæ суа нæ республикæйы фæсивæдон политикæйы ахсджиагдæр къабæзтæй иу. Цæгат Кавказы ресурсон центры директор Хъараты Роман куыд радзырдта, афтæмæй бацархайын хъæуы, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр адæм се ргом здахой бархионты змæлдмæ. Уый тыххæй та хъæуы, афæдзы дæргъы чи кусдзæн, ахæм фæз саразын. Ахсджиаг у фæсивæдон хъæппæристæн гранттæй æххуыс кæнын дæр, загъта республикæйы сæргълæууæг. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ ма, федералон æмвæзадыл бархионты змæлды архайджытæн цы хæрзиуджытæ дæттынц, ахæм регионалон хæрзиуджытыл дæр бакусын. Уый фæдыл амынддзинæдтæ скодта Азымты Иринæйæн æмæ Джусойты Русланæн. Нысан ма кæнынц иумæйаг интернет-портал саразын волонтерты отрядты æмæ мадзæлтты тыххæй информациимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania