филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:28 пятница, 26 апреля 2024
26 ноября 2019, 12:12
Республикæйы пысылмæтты дины управлени сбæрæг кодта йæ равзæрды 25 азы бон

Дины организацийæн раарфæ кодтой республикæйы разамынд æмæ Уæрæсейы, стæй æндæр бæстæты пысылмæтты æхсæнадты минæвæрттæ

Куыд ма загътам, афтæмæй нæ республикæйы пысылмæтты дины управлени сбæрæг кодта йæ равзæрды 25 азы бон. Бæрæгбон арæзт уыд Уырыссаг академион театры. Дины организацийæн раарфæ кодтой республикæйы разамынд æмæ Уæрæсейы, стæй æндæр бæстæты пысылмæтты æхсæнадты минæвæрттæ. Управленийы активондæр архайджытæ нæ республикæйы сæргълæууæджы, парламенты æмæ хицауады  номæй райстой арфæйы фыстæджытæ. Йæ сæргълæууæг Гуæцæлты Хадзымурат Азербайджан æмæ Уæрæсейы адæмты хсæн хæлардзинады ахастдзинæдтæ кæй фидар кæны, уымæ гæсгæ Азербайджаны Президент Ильхам Алиевы уынаффæмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыд майдан «Достлуг»-æй. Кадджын æмбырды Гуæцæлты Хадзымурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй 25 азмæ пысылмæтты дины æхсæнад æнтыстджын къахдзæфтæ акодта. Ныртæккæ организаци активонæй архайы нæ республикæйы разамындимæ регионы сабырдзинады, фæсивæды хъомылады, стæй нæм цы адæмы хæттытæ цæры уыдоны бирæвæрсыг культурон этнос бахъахъхъæныны фарстаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania