филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:36 суббота, 27 апреля 2024
09 июля 2020, 18:40
Сæ тæмæны бацыдысты зымæгон хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ

Сæ сæйраг нысан у, цæмæй цæрджытæм æнæкъуылымпытæй хæццæ кæна тæвд æмæ уазал дон, стæй сæ фатерты дæр, æнæмæнг, хъуамæ уа хъарм

Сæ тæмæны бацыдысты зымæгон хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Сæ сæйраг нысан у, цæмæй цæрджытæм æнæкъуылымпытæй хæццæ кæна тæвд æмæ уазал дон, стæй сæ фатерты дæр, æнæмæнг, хъуамæ уа хъарм. Уый тыххæй та банывыл кæнын хъæуы хъармгæнæнтæ. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы сты 104. Горæтгæрон районы специалисттæ дæр кæнынц ахсджиаг цæттæгæнæн куыстытæ.

Бородинскийы уынджы хъармдæттæг трассæйы уаццаг баивын нысан кæнынц а-дыууæ боны. Куыстытæм бавнæлдтой знон райсомæй раджы. Æдæппæтæй ацы аз Дзæуджыхъæуы хъуамæ сцалцæг кæной 4 километры. Ныридæгæн се рдæг конд æрцыдысты. Зымæгон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлтæ райдыдтой апрелы.

Хъармгæнæн сезонмæ цæттæ уæвынмæ Дзæуджыхъæуы хъармдæттæг хызты специалисттæ нысан кæнынц сентябры кæронмæ. Сæ сæйраг нысан у, цæмæй цæрджытæм æнæкъуылымпытæй хæццæ кæна тæвд æмæ уазал дон, стæй сæ фатерты дæр æнæмæнг хъуамæ уа хъарм. Уый тыххæй та банывыл кæнын хъæуы хъармгæнæнтæ. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы сты 104.

Иннæ 3 аджы фæлварæн куыст ацыдысты æмбæлгæ уагыл. Раст эксплуатаци сæ куы кæной, уæд ноггонд аг бакусдзæн 20 азы онг. Уымæй дарддæр ма ивынц донцъирæнтæ. Хъармдæттæг пункт нысан кæнынц ацы къуырийы кæрон скусын кæнын. Рæстæмбис нымадæй горæты алы районы кусы фæйнæ 20 ахæм хъармгæнæны. 

Куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты Горæтгæрон районы дæр. Куыстуат «Коммунресурсы» лæггад кæны 5 хъармгæнæнæн. Сæ иуы ныртæккæ цæуы цалцæг. Специалисттæ зилынц, дон кæм стæвд вæййы, уыцы пецмæ. Иннæ къæпхæны бавнвлдзысты донъирæнтæм.

5 хъармгæнæнæй 2 лæггад кæнынц Октябрьскæйы æмæ Михайловскæйы скъолатæн. Дыууæ дæр цæттæ сты. Бафæлвардзысты сæ сентябры

Районы ныридæгæн баивтой хъармдæттæг трассæйы цалдæр уаццаджы. 50 – Михайловскæйы, 20 та Октябрьскæйы. Райдыдтой агтæм зилын, уый фæстæ та бавналдзысты цæрæн хæдзæрттæм.

Фæззыгон-зымæгон хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны фарстатыл æрныхас кодтой, Тускъаты Таймуразы разамындæй арæзт хицауады уæнгты оперативон æмбырды. Архайдтой дзы районты сæргълæуджытæ дæр. Стыр æргом аздæхтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинадмæ. Æмбырды уæвджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æмтгæй райсгæйæ, ныры онг бакодтой, цы снысан кодтой, уыцы куыстыты 50%-æй фылдæр. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania