филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:20 пятница, 26 апреля 2024
20 октября 2020, 12:29
Сæдæ архайæджы онг сæ тыхтæ бафæлвæрдтой алыхуызон хæслæвæрдты: райдай дугъы уайынæй æмæ мысан æхсынæй фæуы

Турнир арæзт у цалдæр къæпхæнæй.

Историон зæххыл – æфсæддон-спортивон турнир. Сæдæ архайæджы онг сæ тыхтæ бафæлвæрдтой алыхуызон хæслæвæрдты: райдай дугъы уайынæй æмæ мысан æхсынæй фæуы. Турнир арæзт у цалдæр къæпхæнæй.

Стартмæ ма баззади 15 секунды. Дарддæр та хъæуы 12 километры сæрты ахизын. Афтæ сæхи цæттæ кæнынц хъазахъхъæгты къорды уæнгтæ. Зындзинæдтæй нæ тæрсынц. Оля æмæ Наташæ ахæм ерысты фыццаг хатт нæ архайынц .

Ерысы сæйраг нысан – канд зын участочы сæрты ахизын нæу, фæлæ ма уыцы хæслæвæрд иннæтæй раздæр сæххæст кæнын. Архайынц чызджыты æртæ командæйы, стæй нæлгоймæгты 15 къорды. Дих кæнынц сæ кармæ гæсгæ. Алкæмæн дæр сæ ис йæхи норматив æмæ тактикæ. Бирæтæн дистанци, куыд æнхъæл уыдысты, афтæ æнцон нæ рауад. Фæлæ сæ къухтæ не руагътой. Финишы онг сæ алчидæр бахæццæ. Чи згъоргæйæ, чи та цæугæйæ. Сæйрагдæр уыд 12 километры уаццаг басæттын.

Алы командæйы дæр фæйнæ 5 адæймаджы. Зачетмæ та хаст цыди, къорды æртæ адæймагæй кæройнаг чи уыди, уый рæстæг. Афтæ ерысы рабæрæг хицæн рекорды хицау дæр. Се ппæтæй тагъддæр дистанци ацыди Лианты Батраз. 12 километры йын бантыст 45 минутмæ ацæуын.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты командæйы чызджытæ арæхстджындæр разындысты сæхи категорийы. Сты алы факультетты минæвæрттæ, фæлæ се хсæн рагæй ис хæлар ахастдзинæдтæ. Фидæны менеджеры, психологы æмæ тренеры баиу кодта уæлахизмæ тырнындзинад. Ахæм ерысты архайын та сын сси хорз традици.

Фыццаг къæпхæн фесты ерыстæ саразджытæ сæхæдæг. Командæ «Тактикæ» йæхиуыл банкъардта дистанцийы зындзинæдтæ.

Чысыл фæлладуадзæн рæстæджы фæстæ райдыдта ерысты дыккаг къæпхæн. Хæцæнгарзæй æхсын бирæтæн бавзарын кодта зындзинæдтæ. Алы архайæг дæр хъуамæ сæххæст кодтаид 3 хæслæвæрды: травматикон хæцæнграз, карабин æмæ автомат. Афтæмæй хыгъд цыди иумæйаг хатдзæг. Фæстæдæр сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Кæд æмæ ацы ерысты фæхæрдуæвджытæ нæй, зæгъынц саразджытæ. Æфсæддон-спортивон хъæзтытæ расидтысты Алагиры районы активисттæ. Сæ партнертæ та сты ДОСААФы регионалон хайад æмæ центр «Тактикæ».

Зилахары хуры бынмæ æрæмбырд сты 100 архайæджы онг. Уыди дзы уазджытæ сыхаг регионтæй дæр. Активонæй сæхи равдыстой Теркаг хъазахъхъæгты минæвæрттæ. Хъæзтыты фæззыгон сезон ацыд æнтыстджынæй. Ныртæккæ йæ саразджытæ хъуыды кæнынц зымæгон къæпхæныл. Нысан кæнынц хæслæвæрдтæ фæзындæр кæнын.

Æфсæддон-спортивон ерыстæ баст уыдысты Стыр Уæлахизы 75 азы бонимæ. Сæ саразджытæ фыццаджыдæр сæ зæрдæ дардтой сиддонтыл. Афтæмæй алайнаг традици сног кæнынмæ фыццаг къахдзæф рауад ахадгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania