филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:56 среда, 08 мая 2024
24 августа 2020, 12:28
Сентябрьмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц æрыгон ахуыргæнджытæ

Уыдон фыццаг хатт ацы аз бахиздзысты скъоламæ, куыд педагогтæ, афтæ

Уæдæ сентябрьмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц æрыгон ахуыргæнджытæ дæр. Уыдон фыццаг хатт ацы аз бахиздзысты скъоламæ, куыд педагогтæ, афтæ. Се ппæтæн дæр уый уыд сæ сабибонты бæллиц.

Гусаты Ангелинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йæм йæ фыды номæй кæй дзурынц, ууыл ахуыр нæма у. Кусы Октябрьскæйы 2-æм скъолайы ахуыргæнæгæй. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультет каст куы фæци, уæд æвæстиатæй райдыдта куыст агурын. Ног коллективы йыл зæрдæхæларæй сæмбæлдысты.

Ангелинæ, зæгъæн ис, æмæ йæ сабибонтæй у педагог. Йæ кæстæр хоты æмæ æфсымæрты ахуыр кодта фыссын æмæ кæсын. Уымæ гæсгæ фидæны дæсныйад равзарыныл дызæрдыг никуы кодта.

Дзугкаты Тамарæ арæх фæхъуыды кæны, йæ фыццаг урок куыд ацæудзæн, ууыл. Алы бон дæр æм йæхи цæттæ кæны. Университеты ахуыр кæнгæйæ, цыди практикæ, уымæ гæсгæ йæм чысыл фæлтæрддзинад ис. Тамарæ у уырыссаг æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæг. 

Æрыгон ахуыргæнджыты размæ бирæ хæстæ æмæ нысантæ ис. Фæлæ сыл сæ коллективтæ тынг хорз сæмбæлдысты. Æххуыс сын кæнынц фæлтæрдджын педагогтæ æмæ директортæ. Уымæ гæсгæ сæ дæсныйады фидæнмæ ныфсджынæй кæсынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania