филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:30 среда, 08 мая 2024
01 октября 2020, 13:21
Трассæ Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы рацарæзты куыстытæ конд æрцыдысты 70%

Уый тыххæй фæндæгты хæдзарады Комитеты цур арæзт æхсæнадон советы æмбырды фехъусын кодта Солиты Тариэль

Трассæ Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы рацарæзты куыстытæ конд æрцыдысты 70%. Уый тыххæй фæндæгты хæдзарады Комитеты цур арæзт æхсæнадон советы æмбырды фехъусын кодта Солиты Тариэль. Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ цæугæйæ, рæстæмбис нымадæй рæстæг фæкъаддæр уыдзæн 50 минуты онг. Уымæ гæсгæ Мæздæджы район фæхæстæгдæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны фæндæгты иумæйаг хыгъдмæ æмæ экономикон структурæмæ. Ног фæндаг эксплуатацийы раттынмæ хъавынц ацы азы кæронмæ. Нæ республикæйы амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй фæндæгты арæзтады æмæ цалцæджы рæстæг æнгом æмгуыстад кæнын хъæуы бизнесы минæвæрттимæ. Уымæн æмæ уыдонæн сæ бон у инфраструктурæйы хъæугæ элементтæ аразын. Уый та хынцын хъæуы проекттæ аразыны рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania