филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:20 суббота, 27 апреля 2024
24 декабря 2019, 17:00
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн хæцæнгарз æмбырд кæныны акци

Бындурон цалцæг цы хæдзæртты кæндзысты, уыдоны номхыгъд дæр фæуæрæхдæр

Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн хæцæнгарз æмбырд кæныны акци. Бындурон цалцæг цы хæдзæртты кæндзысты, уыдоны номхыгъд дæр фæуæрæхдæр. Ахуыргæнджытæн та сæ мызд, чи зоны, æмæ фæфылдæр кæндзысты 2020-æм азы мартъийы. Уый тыххæй абон ныхас цыд Хицауады æмбырды. Ахуырады министр Людмила Башарина радзырдта, 2020-æм азы республикон бюджетæй цы фæрæзтæ радих кæндзысты, уыдоны тыххæй. 300 милуан сомы нысан кæнынц педагогты мызд фæфылдæр кæнынæн радих кæнын. æнæ категорийæ чи ис, уыдонæн фиддзысты 13 мины 840 сомы, фыццаг категорийы ахуыргæнджытæ исдзысты 15 мины 840 сомы, уæлдæр категорийæн та – 17 мины 840 сомы.

Хицауады æмбырды ма снысан кодтой, æрмдæсныйады центры рæзты субсидиты бæрц. 1 милуан æмæ 800 мин сомы – уыйбæрц радих кæндзысты 2020-æм азы. Физкультурæйы æмæ спорты министр фехъусын кодта хъæппæрис, спортивон скъола «Юностæн» легендарон футболист Нодар Папелешвилийы ном раттыны тыххæй. Уымæй дарддæр ведомствойы разамонæг радзырдта æрвылмæйон фиддонты тыххæй. Хъуамæ сæ исой Олимпаг, Паралимпаг æмæ Сурдолимпаг чемпионтæ. 2020-æм азы сæ бæрц сырæздзæн 15 мин сомæй 20 мины онг. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй фæфылдæр, бындурон цалцæджы программæйы хыгъдмæ кæй бахастой, уыцы хæдзæртты нымæц. Ног азæй фæстæмæ программæйы фæрæзтæ фæфылдæр уыдзысты 660 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania