филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:38 суббота, 27 апреля 2024
06 августа 2020, 12:58
Цæгат Ирыстоны дæр æххæстгонд цæуы национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»

2020 азы арæзт æрцæудзысты дыууын аст фæндаджы

Куыд нæ бæстæйы иннæ субъектты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр æххæстгонд цæуы национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ». Уæрæсейы президент ма суанг 2017-æм азы сæвæрдта хæс – регионалон фæндæгтæ федералон трассæты æмвæзадмæ бахæццæ кæнын.

Ацы куыстытæ цæуынц Дзæуджыхъæуы Карл Марксы æмæ Таутиаты Солæманы уынгтыл. Уым кусджытæ райхæлдтой зæронд фæндаг, баивтой бордюртæ, стæй дыууæ фæндаджы астæу цы уаццаг ис, уый саив кодтой, зæхх дзы ныккалдтой, баззади ма дзы кæрдæг ныссадзын. Кусджытæ бавнæлтой асфальт аразынмæ.

Бæстон цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Весеннийы уынджы дæр. Ам фæндаг парахатдæр кæнынц, ног тæлм дзы аразынц. Рацарæзтмæ гæсгæ дзы дзыхъ скъахтой,  баивтой коммуникацитæ, бакодтой йыл сæрмагонд æрмæг, йæ сæрыл ныккалдтой балласт, уый фæстæ артæ цъарæй скæндзысты асфальт, цæмай уа харзхъæддæр.

Цалцæггæнæн куыстытæ Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл цæуынц национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгт»-æ æххæст кæнгæйæ. Дыууæ мины дыууынæм азы арæзт æрцæудзысты дыууын аст фæндаджы. Ныр  дыууын дыууæ объекты куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты, иннæ уынгтæм бавналдзысты, коммуникацитæ дзы куы сраст кæной, уæд. Æппæт куыстытæ æххæстæй фæуыдзысты ацы аз, фæззæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania