филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:58 пятница, 26 апреля 2024
25 декабря 2019, 17:05
Цæгат Ирыстоны парламенты Сæрдар Алексей Мачнев архайдта æрвылазон пресс-конференцийы

Ахæм хуызы афæдзæн хатдзæгтæгæнæн куыст ныридæгæн сси традицион

Цæгат Ирыстоны парламенты Сæрдар Алексей Мачнев архайдта æрвылазон пресс-конференцийы. Ахæм хуызы афæдзæн хатдзæгтæгæнæн куыст ныридæгæн сси традицион. Журналисттимæ дзургæйæ Парламенты Сæрдар загъта, ахсджиаг кæй у, 2-æм декабры Уæрæсейы президент Владимир Путин цы ивддзинæдты тыххæй закъон бафыста, уый. Баст у политикон партиты тыххæй федералон закъонæвæрынадимæ. Хъæппæрис бахастой цæгатирыстойнаг депутаттæ.

Журналисттæ фарста радтой снюсы тыххæй дæр. Зондахастыл ахады æвзæрырдæм. Фæлæ уал æй нырма Уæрæсейы уæй кæнын уадзынц. Уымæ гæсгæ, регионтæ сæхи æмвæзадыл фидар кæнынц закъонтæ, цæмæй йæ парахат кæнын мауал уадзой, уый тыххæй. Зæгъæм, сыхаг Хъæрæсе-Черкеси. Хорз уаид, Цæгат Ирыстоны дæр уыцы проект фидаргонд куы æрцæуид, уæд, загъта Парламенты сæрдар. Уымæй уæлдай, электрон æмæ газдæттæн къабæзты закъонæвæрынадмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл фарста сæвзæрд хæдзæртты иумæйаг нымайæнтæ сæвæрыны тыххæй. Уыимæ, сæ балхæнын æмæ сæ сæвæрыны хæрдзтæ хауынц цæрджытæм сæхимæ. Парламенты сæрдар уыцы хъуыддагимæ бынтон разы нæу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, депутаттæ рахастой нымайæнтæ электрон æмæ газдæттæн компаниты хардзæй сæвæрыны хъæппæрис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania