филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:45 пятница, 26 апреля 2024
21 января 2021, 12:42
Цъæйы байгом къахдзоныгътыл бырыны сезон

Ацы зымæг фыццаг хатт трассæ митæй æрæмбæрзта, æмæ ныр зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдон тырнынц сæ уæгъд рæстæг ацы алæмæты рæсугъд бынаты арвитынмæ.

Цъæйы байгом къахдзоныгътыл бырыны сезон. Ацы зымæг фыццаг хатт трассæ митæй æрæмбæрзта, æмæ ныр зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдон тырнынц сæ уæгъд рæстæг ацы алæмæты рæсугъд бынаты арвитынмæ. Трассæ у лæвар, уазджытыл æмбæлынц зæрдæрайгæйæ, ис дзы сæрмагонд уæлæдарæс дæр самал кæнæн, уыимæ Цъæйгомы ис алцæмæй æххæст фысымуæттæ. Ахæм лæггæдтæ хъуамæ фæцæуой туристты зæрдæмæ, æмæ зæрдæ дарæн ис, Цъæйгом, раздæрау, уарзон бынат кæй уыдзæн æппæт дунейы туристтæн. Моргуаты Ладæ радзурдзæн, цæмæй афтæ тынг æлвасы Цъæйгом адæймаджы.

Айнæг къæдзæхтæ, абухгæ цæугæдон, митæй æмбæрзт бæлæстæ. Цъæйы зымæг вæййы уæлдай рæсугъддæр. Уымæн туристтæ дæр бæллынц сæ уæгъд  рæстæг ам арвитынмæ. Уæлдайдæр та къахдзоныгътыл чи уарзы бырын, уыдон. Раст зæгъгæйæ, ацы аз раст цыма миты паддзах мæстæй мардта, уыййау нæ тагъд кодта йæ урс хъæццулæй рæгътæ æрмбæрзынмæ. Уый хыгъд уарынтæ æмæ дымгæ уавæр фæкарздæр кодтой. Ауындзгæ фæндаг æдас нæ уыд, уыимæ ма йæ телтæ дæр атыдтой. Фæлæ ныр æппæт хъæндзинæдтæ иуварсгонд æрцыдысты, æрдз дæр фæхæларзæрдæ æмæ къахдзоныгъты сезон байгом.   

Хохы фахсы бын туристтæн арæзт ис æппæт фадæттæ, хæрæндон, ам ис баулæфын æмæ ног тыхтимæ дарддæр хи ирхæфсæн. Алы хохы бæрзæндмæ бæндæныл фидаргонд бадæнтæм бахизынмæ æххуыс кæнынц специалисттæ. Фæлæ уал фыццаджыдæр хъæуы сæрмагонд уæлæдарæс  райсын, рæстæгмæ.  Турист сыл схардз кæндзæн 700-800 сомы.

Мила Макарова фыццаг хатт слæууыд къахдзоныгътыл. Уæвгæ ацы бæллиццимæ стахт  Мæскуыйæ. Уайтагъд ссардта инструкторы. Иу сахат тренировкæты фæстæ фыццаг хатт рауагъта митджын фахсыл. Йæ цинæн кæрон нæ уыд. Загъта, Ирыстоны уазæгыл тынг кæй аудынц.

Бирæтæ сæ бæллиц – къахдзоныгътыл абырын æххæст кæнынц Кæсæг-Балхъары, кæнæ та Гудаури æмæ Домбайы. Касим  Магомедов 3 азы лæууы сноубордыл. Арæхдæр вæййы, уæлдæр цы бынæтты кой скодтам, уым. Зæгъы Цъæйы æрдз рæсугъд у, фæлæ трассæ у цыбырдæр, стæй æргътæ та зынаргъдæр сты. Ахæм хæрдзтимæ сыхаг республикæйы фылдæр лæггад кæнынц.

Цъæйы æхсæвиуат кæй фæнды, уыдонæн кусынц 4 фысымуаты. Сæ æргътæм гæсгæ сты алыхузон. Ис бассейн, 3 хатты хæрд, абана. Кæнæ та 2 уæладзыгон хæдзæрттæ. Алкæмæн дæр йæ дзыпмæ гæсгæ ссардзысты бынат.

Цъæйы хæххон къахдзоныгъты курортæн йæ истори кæд Советон Цæдисы рæстæджытæй райдайы, уæддæр ныртæккæ, зæгъæн ис, æмæ йæ архайд сног. Ам кусынц, цæмæй фæлладуадзæн бынат дзуапп дæтта нырыккон домæнтæн, æмæ йæ кусджытæ зæгъынц, кæй бацархайдзысты Уæрæсейы  курортон бынæттимæ ерысхъом уавыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania