филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:48 пятница, 26 апреля 2024
09 июля 2021, 12:27
Центрон æвзарæн къамисы официалон æгъдауæй фехъусын кодтой

Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ 3 боны кæй цæудзысты, уый

Центрон æвзарæн къамисы официалон æгъдауæй фехъусын кодтой, Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ 3 боны кæй цæудзысты, уый. Уыдзысты 17-æй – 19-æм сентябры онг. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Участокты æвзарæн къамистæ кусдзысты райсомы 8-æй изæры 8 сахаты онг. Сбæлвырд ис хъæлæсгæнджыты дзуапдæттæн рæстæг дæр. Уыдзæн 15-æй – 20 сахаты онг. Цал адæймаджы схъæлæс кодта, уый тыххæй та информаци уыдзæн æнцон фенæн. Ахæм фадат уыдзæн æвзарджытæн, цæстдарджытæн æмæ кандидаттæн. Æвзæрстыты рæстæг 66 участочы пайда кæндзысты æвзарæн бюллетеньты куыстгæнæг комплекстæй. Уымæй дарддæр спайда кæндзысты QR кодимæ протоколтæ аразыны технологитæй. Территориалон æвзарæн къамисты æмæ 335 æвзарæн участочы сифтонг кæндзысты видеокамерæтæй, рацæуæн сын уыдзæн интернетмæ. Республикæйы эпидемиологон уавæры тыххæй æвзæрстыты архайджытæн уыдзæн хицæн пакеттæ: маскæтимæ, æрмкъухтимæ, санитайзертимæ æмæ æндæр æмбæлгæ кусæнгæрзтимæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania