филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 пятница, 26 апреля 2024
28 января 2020, 13:00
Тускъаты Таймураз бæлвырд ныстуантæ скодта, нæ республикæйæ гранттæ чи рамбылдта, уыдонæн

Хицауады сæрдар сын бахаста фæндонтæ, сæ архайд фæхъомысджындæр кæныны тыххæй

Фæсивæдимæ ахадгæ ныхас. Тускъаты Таймураз бæлвырд ныстуантæ скодта, нæ республикæйæ гранттæ чи рамбылдта, уыдонæн. Хицауады сæрдар сын бахаста фæндонтæ, сæ архайд фæхъомысджындæр кæныны тыххæй. Ивгъуыд азы Цæгат Ирыстонмæ грантты фæрцы æрбацыди 47 милуан сомы. Фæсивæды хсæн ис ахæмтæ, ныридæгæн уыцы фæрæзты фæрцы йæ хъуыддаг царды кæмæн рацыди.  Сæ проекттæ баст сты цардархайды алы къабæзтимæ. Бæлвырддæр радзурдзæни Касаты Наирæ.

Цагат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд,  гранттæ чи райста, уыцы фæсивæдимæ. Байхъуыста сын сæ хъуыдытæм. Радзырдтой, сæ  проекттæ царды куыд уадзынц, куыд сыл кусынц, стæй ма, хицауады сæрдармæ фæхæццæ кодтой, ахадгæдæр куыстæн ма сæ цы хъæуы, уый. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 2019 –æм азы республикæмæ фæсивæдон грантты фæрцы  æрбацыд 47 милуан сомы. Активон фæсивæд архайдтой алыхуызон мадзæлтты æмæ сæ проекттæй равдыстой сæрæндзинад. Сты алы къабæзтимæ баст. Ис дзы куыд, адæмæн социалон æгъдауæй пайда чи у, ахæмтæ, миддуне фæхъæздыгдæр кæнынимæ баст чи у, ахæмтæ. Гæугаты Ирмæйы йæ проекты фæрцы  фæнды баххуыс кæнын аутизмæй рынчын сывæллæттæн. Куыд зæгъы, афтæмæй зындзинæдтæ йæ проект æвзары, специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæй. Тускъаты Таймураз ын бацамыдта, цæмæй йæ куыст араза ахуырады, стæй физкультурæ æмæ спорты министрадтимæ.

Тускъаты Таймураз  фæсивæды хъуыдытæм байхъуыста æмæ сын загъта, цæмæй æнтыстдзинад къухы бафта, уый тыххæй  хъæуы  æвæллайгæйæ фæллой кæнын æмæ размæ цæуын.

Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Къораты Жаннæ дæр радзырдта йæ проект «Медиа-Чиныг»-ыл куыд архайы, уый тыххæй. Йæ хъуыдытæм гæсгæ дарддæр дæр кусдзысы  проект фæуæрæхдæр кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania