филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:32 пятница, 26 апреля 2024
07 июля 2020, 15:46
Тускъаты Таймуразы разамындæй æмбырды архайдтой республикæйы районты разамонджытæ

Зымæгмæ цæттæгæгæн фарстатæ, Беслæны генералон план æмæ æххстгæнæн дисциплинæ, ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд, æмбырды

Зымæгмæ цæттæгæгæн фарстатæ, Беслæны генералон план æмæ æххстгæнæн дисциплинæ, ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд, республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы районты разамонджытæ.

Нæ сæйраг сахар æмæ районты ныртæккæ активонæй цалцæг кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады кусæнгæрзтæ. Разамонджыты дзуæппытæм гæсгæ зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæн сæ 50% сты цæттæ. Царды æххæст кæнын райдайдзысты Беслæны Генералон пълан дæр. Хæстæгдæр азты дзы хъуамæ саразой æмæ сцалцæг кæной иу къорд ахсджиаг социалон объекты.

Уæрæсейы президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис радзырдта, ацы фарстайы фæдыл æмгуыстад кæй кæнынц экономикæйы райрæзты федералон министрадимæ. Нысангонд у, Беслæны зæххы бынты цы дондзæуæн хæтæлтæ цæуы, уыдон баивын. Саразын ахуырады, культурæйы æмæ спорты объекттæ. Сцалцæг кæнын  ипподром æмæ БМК-йы фæсивæдон галуан. Алы объекттыл дæр арæзт цæуынц сæрмагонд гæххæттытæ. Видеобастдзинады конференцийы архайджытæ æрдзырдтой,

2017-æм азы Уæрæсейы хицауады уагæвæрдмæ цы мадзæлттæ хаст æрцыд, уыдоныл дæр. Хауы сæм Дзæуджыхъæуы донæмбырдгæнæны, Мæздæджы районы сыгъдæггæгæндæтты æмæ Мæздæджы арæндоны арæзтæдтæ. Уæрæсейы уагæвæрдмæ  Мацутæйы фæзындзæн фельдшерон-акушерон пункт, Елхоты культурон райрæзты Центр.  Октябрьскæйы тæ сцалцæг кæндзысты поликлиникæ.

Тускъаты Таймураз фæсидт, цæмæй æппæт документаци афойнадыл уа цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania