Фаронæй фæстæмæ дзы зайын кæнын райдыдтой ацы пайдайаг продукты 5 хуызы
Уæрæсейы спаржæйы быдырты фæстæ æппæтæй стырдæр фæзуæттæ ис Архонкæйы. Фаронæй фæстæмæ дзы зайын кæнын райдыдтой ацы пайдайаг продукты 5 хуызы. Цæгатирыстойнаг тыллæг æрвитынц фæсарæнтæм дæр. Кæд спаржæ парахат кæнынæн паддзахадон æххуыс нæй, уæддæр фермертæ сæхи хъарутæй архайынц цæмæй продукт балхæнын уа алкæйы бон дæр. Бæлвырддæр Гуытъиаты Алинæ.
Ацы фермерон хæдзарад у, Уæрæсейы спаржæ чи зайын кæны, уыцы иунæг куыстуат. Халсар ныссагътой фарон, дæс гектары фæзуатыл. Абон та апарахат ис фæндзай гектарыл.
Сергей Мармазов æмæ Кирилл Наседкин цалдæр азы дæргъы европæйаг специалисттæм ахуыр кодтой, спаржæ æрзайын кæныны сусæгдзинæдтыл. Ацы халсар нырма нæ бæстæйы парахат нæу æмæ домы уæлдай цæстдард.
Спаржæ у тынг хæрзад æмæ пайда халсар. Хойраджы хуызы дзы пайда кæнынц æрмæстдæр уалдзæджы. Уæд нырма спаржæ вæййы цъæх æмæ фæлмæн. Зайæгой цæры фынддæс азы æмæ æрвылаз дæтты ног тыллæг. Спаржæйы миниуджытæ бирæтæн зонгæ сты, уый тыххæй йæ агурынц зæрдиагæй фæлхасгæнджытæ. Нæ бæстæмæ спаржæ æрбаласынц фæсарæнтæй, сæрмагонд хæдтæхджытыл. Уый тыххæй йæ аргъ дæр у туджыйаргъ.
Хæдзарады фæлварынц æндæр экзотикон культурæтæ æрзайын кæныныл. Зæгъæм, артишоктæ. Ацы дидинджытæ нымад сты деликатесыл. Адон та уын цъæх æмæ сырх цывзыты хуызæн зайæгойтæ — Бамияйы къудзитæ.
Спаржæ чи зайын кæны, уыцы фермертæн нырма паддзахадон фарсхæцт нæма ис. Уый тыххæй зæххкусджытæ сæ тыллæгыл архайынц æрмæстдæр сæхи тыхтæй. Фæлæ цæмæй ног, уæлдæр æмвæзадмæ рацæуой, уый тыххæй сын хъæуы баххуыс кæнын. Фыццаг тыллæг фермертæ æрæмбырд кодтой ацы аз. Æрмæст авд тоннæйы йедтæмæ нæ уыдис. Иннæ аз фæнд кæнынц фæндзай тоннæйы æрзайын кæнын. Нæ республикæйы цæрджытæ уал нырма фæлварынц диссаджы халсары миниуджытæ равзарынмæ. Уый хыгъд гæнæн ис æмæ тагъд рæстæг хæдзары æфсинтæ бафæлварой ирон чъиритæ спаржæимæ скæнынмæ.




