Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Цæрæуæтты коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майрæн.
Нæ республикæйы 2 азмæ газ бауатдзысты 20 хъæумæ.
Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Цæрæуæтты коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майрæн. Фæнысан кодта, куыстытæн сæ фылдæр хохаг хъæуты кæй цæудзысты. Уыдон сты Дæллаг æмæ Уæллаг Уынал, Задалеск, Мацутæ, Ахсау. Мæздæджы районы æрдзон газ уадзынц Кусово, Хуры хъæу æмæ Дружбæмæ. Министр куыд фæбæрæг кодта афтæмæй нæ республикæйы хъæутæн сæ 93 % сты æхгæд . Дыууæ азы фæстæта ацы бæрæггæнæн уыдзæн 95%
Нырмæ та уал цæуынц зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Дзæджыхъæуы æмæ районты хъармдæттæн куыстуæттæ райдыдтой къæпхæнгай системæтæ донæй дзаг кæнын.
Цæрæнуæттæ коммуналон хæдзарады министрады хъусынгæнинагмæ тæсгæ, уый хъæуы, цæмæй хъармгæнæн сезон æдас æмæ æмбæлгæ уагыл райдайа, уымæн. Разамонæг компаниты специалисттæ æмгуыстад кæнынц хъармдæттæг организациты кусджытимæ. Уымæй уæлдай бæрæг кæнынц хæдзæртты мидæг хъармдæттæн системæйы уавæр. Куыстыты хæрзхъæддзинад уыны республикæйы арæзтадон цæстдарды службæ. Ведомствойы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 15 сентябрæй нырмæ специалисттæ сбæрæг кодтой сæдæ хæдзарæй фылдæр.




