филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 31 января 2026
01 октября 2019, 12:00
Æрæфы районы Советскæйы поселочы цæрджытæй иу бинонтæ, кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныны программæмæ гæсгæ райстой ног фатер

Фæлæ йыл бацин кæнын дæр сæ бон нæу. Уымæн æмæ сæ хæдзарæй хъæуы фæстæмæ рацæуын.

Æрæфы районы Советскæйы поселочы цæрджытæй иу бинонтæ, кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныны программæмæ гæсгæ райстой ног фатер. Фæлæ йыл бацин кæнын дæр сæ бон нæу. Уымæн æмæ сæ хæдзарæй хъæуы фæстæмæ рацæуын. Ахæм уавæры аххосаг цы у, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Ацы фатеры Джыбызты бинонтæ æрцардысты дыууæ азы размæ. Сцалцæг æй кодтой, балхæдтой хæдзары дзаума. Фæстæдæр та рабæрæг ис, уыцы хæдзар сæхи кæй нæу, уый. 2010 азы Джыбызтæ балхæдтой хæдзар. Уый бахаудта адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ралидзын кæныны программæмæ. Ордер та скодой хæдзары хистæр Тайбатыл.

Бинонтæн радтой ног хæдзары æртыккаг уæладзыгы фатер. Ам Тайбат æрцард йæ чызгимæ. Ныртæккæ сылгоймаг у рынчын, йæ къæхтыл нæ лæууы, цæстæй нæ уыны, стæй хъусæй дæр нæ хъусы.

Ног фатерæн хъæугæ документтæ скæнын Джыбызты бон не ссис, уымæн æмæ раздæр цы кæлæддзаг хæдзары цардысты, уый приватизацигонд не рцыдис. Цæрæнуат æндæр бинонтæн кæй радтой, уый тыххæй та сын фехъусын кодта пъæлицæйы кусæг.

Джыбызтæ сæ хъаст бахастой хъæуы разамонæгмæ æмæ районы администрацимæ дæр. Фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Бынæттон администрацийы уавæр æмбарынц, фæлæ сæ бон ницы саразын у.

Зæронд цæрæнуатæй ма баззадысты æрмæстдæт сыгъд къултæ. Ардæм раздæхын Джыбызты бон нæу. Администрацийы та бинонты фарстайы тыххæй хъусгæ дæр нæ фæкодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм Джыбызтæ хъаст никуы æрбахастой.

Хъуыддаг афтæ рауад æмæ цæмæй хи хæдзар сæ къухы бафта, уый тыххæй сæ хъæуы фæстæмæ сæ раздæры фæндæгтыл рауайын. Ныффыссын курдиат районы администрацимæ, æрæмбырд кæнын хъæугæ документтæ. Фæлæ цалынмæ бæрнон оргæнтæ уыцы фарста лыг кæной, уæдмæ Джыбызтæ кæм цæрдзысты, уый бæрæг нæу. Зæронд хæдзар нал ис, ног фатер та æндæр бинонтæн радтой. Уæдæ зæронд Тайбаты бон дæр нал у хицæутты дуæрттæ хойын. Фæлæ хъыгагæн, æндæр гæнæн сын нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania