16 октября 2019, 17:15
Доваторы проспекты бирæфатерон хæдзæртты кæртытæй иуы 30 азы размæ фæзынд Ирыстоны номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн
Уыцы хъуыддаг сæххæст кæныныл бацархайдта бынæттон цæрæг Быгъуылты Мурат.
Доваторы проспекты бирæфатерон хæдзæртты кæртытæй иуы 30 азы размæ фæзынд Ирыстоны номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн. Уыцы хъуыддаг сæххæст кæныныл бацархайдта бынæттон цæрæг Быгъуылты Мурат. Куыд радзырдта, афтæмæй Къостайы бюст 80-йæм азты уыд педагогон институты кæрты, фæлæ дзы арæзтадон куыстытæ куы райдыдтой, уæд æй йæ сыхæгтимæ рахастой сæхи кæртмæ. Поэты 160 азы бонмæ цыртдзæвæн саив кæныныл бакуыста парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур.
темæмæ гæсгæ




