филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:45 вторник, 16 декабря 2025
18 октября 2019, 15:10
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады минæвæрттæ бæрæг кæнынц культурон цыртдзæвæнты уавæр

Фыццаджыдæр федтой Дзæуджыхъæуы фидары къулы иу хай. Специалитты хъуыдымæ гæсгæ йæ уавæр у хуыздæрхъуаг.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады минæвæрттæ æмæ куыстуат «Аланты хæзнаты» специалисттæ бæрæг кæнынц культурон цыртдзæвæнты уавæр. Фыццаджыдæр федтой Дзæуджыхъæуы фидары къулы иу хай. Уый фæстæ та бабæрæг кодтой, Алагиры районы федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæн «Зылын дуар». Æвæрд у астæуккаг æнусты фæндаджы хайыл. Адæмон фронты активисттæ курдиат арвыстой культурон бынтæ хъахъхъæныны паддзахадон департаментмæ. Уым курынц, цæмæй нæ республикæйы историон цыртдзæвæнтæм цæстдард æрцæуа, уый.

160 азы истори. Уыдонæй æнусы рдæгæй фылдæр Дзæуджыхъæуы фидары иу хай хæссы федералон нысаниуæджы цыртдзæвæны ном. Æнæхъæнæй ма цы хай баззад, уый ныртæккæ зæууатмæ цæуы. Рæстæг кæуыл нæ фæтых, уый ныр хæлы адæймаджы аххосæй. Объект ис хи къухты, фæлæ йæм йæ хицау базилынмæ нæ тагъд кæны. Суанг ма йе ддаг къулæй цыдæр фæци информацион фæйнæг.

Федералон нысаниуæг кæмæн ис, ноджыдæр ма иу ахæм объект æрбынат кодта Буронæй ахизгæйæ, Æрыдоны цæугæдоны галиу фарсы. Астæуккаг æнустæй цы фæндаджы хай баззад, уый хуыйны «Зылын дуар». Кæддæр уыди ахсджиаг стратегион объект. Абон та фæндагæн йæ бон уаид хорз туристон бынат суæвын, уый бæсты та зæронд бæлæсты бын фæци. Уидæгтæ халынц рагон арæзтад, стæй цыртдзæвæн æхгæнынц адæмы цæстытæй.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ сбæрæг кодтой цыртдзæвæнты уавæр. Цы федтой, уымæй разыйæ нæ баззадысты. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, алы объектмæ дæр хъæуы бындуронæй базилын.

Уæвгæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ культурон бынтæ æмæ хæзнатæ бахъахъхъæныныл рагæй кусынц. Ацы рейды хатдзæгтæм гæсгæ уал нысан кæнынц объекттæ бырæттæй æмæ зæронд бæлæстæй ныссыгъдæг кæнын. Реставрацион куыстытæм та бавналдзысты специалисттæ. Уæдмæ та уал адæмон фронты минæвæрттæ курдиат ныффыстой культурон бынтæ хъахъхъæныны паддзахадон департаментмæ. Уым курынц, цæмæй нæ республикæйы историон цыртдзæвæнтæм бæстон цæстдард æмæ стыр æргом здæхт æрцæуа, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania