06 апреля 2021, 14:12
Мæздæджы театралон аивадмæ æмхиц 25 æрыгон адæймаджы хаст æрцыдысты актерты æфсымæрадмæ
Кадджын мадзал арæзт æрцыд районы культурæйы галуаны
Мæздæджы театралон аивадмæ æмхиц 25 æрыгон адæймаджы хаст æрцыдысты актерты æфсымæрадмæ. Кадджын мадзал арæзт æрцыд районы культурæйы галуаны. Сывæллæттæ афæдзы дæргъы куыстой сæхиуыл – цыдысты аив кæсыны къордмæ, сæхи ахуыр кодтой кафыныл, уыимæ сæхи фæлвæрдтой актеры дæсныйады сценæйы. Актерты къорд кæй фæфылдæр, уый сæ хистæр æмкусджытæ сбæрæг кодтой кадджын мадзалæй. Сабитæ архайдтой викторинæ «Театралон калейдоскоп»-ы, уый фæстæ та сын радтой, актерты æфсымæрадмæ кæй бацыдысты, уый æвдисæндартæ. Майы хъуамæ сценæмæ рацæуой, куыд æцæг актертæ, афтæ. Ахъаздзысты сæ рольтæ спектакль «Незнайка и его друзья»-йы.




