филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 суббота, 31 января 2026
15 июля 2021, 12:15
Мелыкаты Замирæйæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæйы ном

Кæд ын æнæнхъæлæджы уыди, уæддæр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цины нкъарæнтæ æмбæхсын зын у

Кадджын ном. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры актрисæ Мелыкаты Замирæйæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæйы ном. Кæд ын æнæнхъæлæджы уыди, уæддæр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цины нкъарæнтæ æмбæхсын зын у. Уымæн æмæ йæ равзæрст дæсныйад уарзы зæрдæйæ. Ахуыр дæр скодта нæ бæстæйы актерты хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндоны – Щукины номыл театралон институты. Уый фæстæ бирæ азты дæргъы лæггад кæны ирыстойнаг сценæйæн.

Мелыкаты Замирæ æфсæрмдзастæй исы арфæтæ йе мкусджытæй, Уæрæсейы сгуыхт артисты кадджын ном ын кæй саккаг кодтой, уый йын уыд æнæнхъæлæджы хабар. Ахæм æмвæзады аргъгонд кæй æрцыд йæ курдиатæн, уый та йын йæ размæ æвæры ноджы фылдæр хæстæ.  Уымæ гæсгæ ныртæккæ, ноджы тынгдæр æнхъæлмæ кæсы театралон сезоны байгоммæ – йæ уарзон театрдзаутимæ фембæлдмæ.

Замирæ Ирон театрмæ æрбацыд 1980-йæм , Щукины номыл  училищæйы фæстæ. Йæ фыццаг сарæзт сурæтæй  ссардта фæндаг театрдзаутæ зæрдæтæм. Спектакль «Зæххон хуыцæутты» цы  Симæйы сурæт сбарста йæхиуыл, уый ныр дæр йæ зæрдыл лæууы, цыма знон уыди, афтæ.  Аншлагтæ, йæ аивад уарзджыты фыстæджытæ æмæ дуне дининджытæ. Цыбыр рæстæгмæ сси театры уарзондæр актертæй иу. Цыфæнды жанры спекталы дæр свæййы хион.

Уæрæсейы сгуыхт актрисæйы сфæлдыстадæн бæрзонд аргъ кæнынц йе мкусджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæйЗамирæ зæрдæйæ æнкъары сценæ, йæ партнеры, уый та у сæйрагдæр ацы дæсныйады.  

Раппæлинаг у уый, æмæ ныр Ирон театры коллективы кæй ис, Уæрæсейы сгуыхт артисты ном чи хæссы, ахæм аст адæймаджы. Ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ ма сты разæй. Актеры дæсныйады бæрзонд бæрæггæны сæйраг æвдисæн у театрдзауы уарзондзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл та кусын хъæуы сценæмæ алы рацыды дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania