филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 воскресенье, 01 февраля 2026
24 марта 2023, 11:50
Дыгуры район бабæрæг кодта республикæйы культурæйы министр Галазты Эдуард

Кусæг фемблды ма архайдтой районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан æмæ культурæйы управленийы сæрдар Бæгæмæтты Наталья

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ министрадты æмæ ведомствæты разамонджытæ æмбæлынц районты цæрджытимæ. Дыгуры район бабæрæг кодта республикæйы культурæйы министр Галазты Эдуард. Кусæг фемблды ма архайдтой районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан æмæ культурæйы управленийы сæрдар Бæгæмæтты Наталья. Канд Дигорайы нæ, фæлæ æппæт  районы хъæутæй дæр æрбацыдысты сæ фарстатимæ. Мустыздæхы культурæйы галуаны директоры фæндыд базонын, сæ хъæуы ног культурæйы артдзæсты бæстыхай кæд фæзындзæн, уый. Министр зæрдæ бавæрдта, кæй бацархайдзæн, цæмæй йæ арæзтыл куыстытæ хаст æрцæуой фидæны азы сæрмагонд Федералон программæмæ.  Аивæдты скъолайы директор та фæнысан кодта, кæй нæ фаг кæны педагогтæ, стæй техникон персонал. Министр уыцы хъуыддæгæн дæр бацамыдта йæ гæнæнтæ. Хъарман – Сындзыхъæуы дæр, хъæуы сæргълæууæджы курдиатмæ гæсгæ, бынæттон культурæйы хæдзар æххæстгонд æрцæудзæн дзаумæттæй. Фембæлды ма æрдзырдтой районты культурон уагдæдтæ муниципалитетты бæрны бакæнын, сæ финансон хъуыддæгтæй та æххæстгонд куыд цæуой республикон бюджетæй. Галазты Эдуарды хъуыдымæ гæсгæ, уый фæрцы æнцондæр лыг кæнын уыдзæн техникон фарстатæ. Кусæг балцы рæстæг ма бæрнон кусæг федта Хъарман –Сындзыхъæуы культурæйы хæдзары рацарæзтыл куыстыты цыд. Хъуамæ фæуой апрелы кæрон. Æппæт  хъуыддæгтæй министр баззад разыйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania