филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
07 июля 2023, 11:54
Евгенийы Вахтанговы хæдзар-музейы арт-кафейы арæзт æрцыд документалон кинонывы презентаци «Дом Вахтангова. Реставрация как искусство»

Золойты Фатимæйы кинолентæ лæмбынæгæй дзурæг у, зындгонд театралон режиссеры хæдзар куыд сног кодтой, ууыл

Евгенийы Вахтанговы хæдзар-музейы арт-кафейы арæзт æрцыд документалон кинонывы презентаци «Дом Вахтангова. Реставрация как искусство». Золойты Фатимæйы кинолентæ лæмбынæгæй дзурæг у, зындгонд театралон режиссеры хæдзар куыд сног кодтой, ууыл. Кинонывы автортæ ирдæй равдыстой бæстыхайы арæзтады раздæры хуыз. æрлæууыдысты историон къæпхæнтыл. Суанг дзы коммуналон фатертæ куы уыди, уæдæй нырмæ. Стæй уæд егъау рацарæзты куыстытæ куы фесты, уый дæр. Документалон ныв ма æвдисы Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театры директор Кирилл Крокы удуæлдай фæллой. Йæ фæрцы фæзынд фæлтæрдджын æмæ хъæппæрисджын командæ. Иууылдæр иумæ бакуыстой рагон бæстыхайы историон хуыз бахъахъхъæныныл. Абарæн кæмæн нæй, ахæм проекты реставрацион кампани арæзт æрцыд бæрзонд æмвæзадыл. Театры директорæй дарддæр ма кинолентæйы хъайтартæ систы зындгонд артисттæ-вахтанговецтæ, политикон архайджытæ æмæ хицауады минæвæрттæ. Се ппæт дæр архайдтой уникалон цыртдзæвæн сног кæныныл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania