Сæхи æрмадзы ахуыр кæнынц Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты студентты дæр
Æлборты æфсымæртæ Аслан æмæ Виталий 30 азæй фылдæр кæнынц æрмдæсныйады куыст. Сæхи æрмадзы ахуыр кæнынц Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты студентты дæр. Сæ куыстытæ сын фенæн ис Уæрæсейы æмæ суанг фæсарæйнаг бæстæты. Æрмдæснытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Ацы æрмадзмæ Гойаты Фатимæ æрбацыд 5 азы размæ. Уæд уыд Цæгат Кавказы хæххон – металлургон институты хæххон – металлургон факультеты 2-æм курсы студенткæ. Йæ зæрдæмæ дзы афтæ тынг фæцыд, æмæ дзы баззад кусынмæ. Кусы хъæдæрмæгимæ, фсæйнагимæ æмæ афтæ дарддæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæмæ æппæтæй тынгдæр цæуы сылгоймаджы аивгæнæнтæ аразын. Йæ фыццаг куыст дæр цæнгдарæн уыд.
Чызгæн йæ алы куыст дæр йæ зæрдæйæн у уарзон. Куыд зæгъы, афтæмæй заказ куы саразы, уæд æй уыцы аивгæнæн фылдæр хатт раттын дæр нал фæфæнды.
Сабанты Артур дæр кусы æрмадз «Арион»-ы. Курдиат æмæ аивадмæ уарзондзинад у лæппуйы æнтыстдзинæдты ратæдзæн.
Алы аивгæнæныл дæр хъæуы лæмбынæг кусын. Æмæ кæд зын у, уæддæр у хъæугæ куыст. Уымæн æмæ уыцы куысты руаджы нæ рагфыдæлты æрвылбоны фæрæзтæ уынæм мингай азты фæстæ дæр.
Æрмадз «Арион»-ы разамонджытæй иу Æлборты Асланы куыстытæ зоны Уæрæсейы президент Владимир Путин. Уæдæ зонгæ сты фæсарæнты дæр. Тынг ын æххуыс кæны йе фсымæр – æмкусæг Виталий дæр. Бирæ хæттыты вæййы афтæ, æмæ хъæппæрис разыны Асланмæ, баххæст æй кæны æмæ йæ царды та рауадзы Виталий.
Æрмадз «Арион»-ы аразынц аивгæнæнтæ, æмæ нæ уадзынц нæ истори ферох кæнын. Уымæн æмæ махæн нæ хæс у нæ рагфыдæлты бынтæ хъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын.




