филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
09 февраля 2024, 11:34
Евгений Вахтанговы хæдзар-музей райста, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон цыртдзæвæны статус

Уый тыххæй профилон министрады бардзырд  фæзынд барадон информацийы официалон порталы

Дзæуджыхъæуы Евгений Вахтанговы хæдзар-музей райста, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон цыртдзæвæны статус. Уый тыххæй профилон министрады бардзырд  фæзынд барадон информацийы официалон порталы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, зындгонд режиссеры сабийы æмæ æвзонджы бонтæ кæм ацыдысты, уыцы хæдзар егъау рацарæзты фæстæ байгом ивгъуыд аз уалдзæджы. Уый кадæн Сæрибары фæзы арæзт æрцыд стыр концерт «Вахтангов. Путь домой». Бакуыста йыл Мæскуыйы Вахтанговы номыл театр. Историон бæстыхайы дыккаг уæладзыджы ирдæй æвдыст цæуы 19-æм æнусы купецы хæдзары фæтк. Фыццаг уæладзыджы та арт-кафейы хуызы скодтой камерон театралон зал 80 бынатæн. Уым ныр афæдзæй фылдæр арæзт фæцæуынц республикон æмæ федералон артистты сфæлдыстадон изæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania