филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:38 суббота, 28 сентября 2024
21 июня 2024, 11:41
Культурæйы къабазæн фæрæзтæ дих кæнынæн ацы аз нæ республикæйы бавæрдтой иу миллиард æмæ 500 милуан сомы

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта, Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æмбырды

Культурæйы къабазæн фæрæзтæ дих кæнынæн ацы аз нæ республикæйы бавæрдтой иу миллиард æмæ 500 милуан сомы. Уыдон сты куыд республикон, афтæ федералон фæрæзтæ. Уыимæ æппæт куыстуæттæ кæнынц æнæбюджетон архайд. Стæй ма фæстаг æртæ азмæ æфтиæгты бæрæггæнæнтæ рæзынц. Афæдзы фыццаг æмбисмæ æфтиæгтæ систы 50 милуан сомы. Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта, Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æмбырды. Хицауады сæрдар культурæйы объектты разамонджытæн бабар кодта финансон-хæдзарадон архайдмæ цæстдард фæтыхджындæр кæнын. Бæлвырддæр та – хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæнын. Уый тыххæй та алы объект дæр хъуамæ суа уарзондæр бынат республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн. Культурæйы Министрадæн бабар кодтой, цæмæй фылдæр объекттæ бахæссой «Пушкины картæ»-йы, стæй туристон программæтæм. Уымæй дарддæр æппæт куыстуæтты дæр сфидар кæнын электрон фиддонты хуыз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania