Егъау мадзал кадджын уавæры байгом уыдзæн 13-æм июлы
Дзæуджыхъæуы театралон фæзтæ цæттæ кæнынц фыццаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой» суазæг кæнынмæ. Егъау мадзал кадджын уавæры байгом уыдзæн 13-æм июлы. Театрдзаутæм, республикæйы цæрджытæм æмæ уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц ирд премьерæтæ, хуыздæр постановкæтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сценæйы ирддæр минæвæрттимæ фембæлдтытæ. Уый тыххæй Хицауады хæдзары йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта Мæскуыйы Евгенийы Вахтанговы номыл Паддзахадон академион театры директор Кирилл Крок. Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Хъазаны, Донецкы, Омскы, Архангельскы æмæ ма æндæр регионтæ бацæттæ кæндзысты сæхи постановкæтæ. Уыдон та арæзт уыдзысты дунейы хъуыстгонд классикон уацмыстæй. Иу ныхасæй – арæнтæ чи уæрæхдæр кæны, ахæм аивад. Фестивалы архайджыты номхыгъд сфидар кодтой Вахтанговы театры разамынд æмæ экспертон совет. Саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ма, фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-ы программæ æххæст кæнгæйæ, нысан кæнынц кадджын премитæ раттын дæр. Ам хынцт цæудзæн – Цæгат Ирыстоны культурæмæ, социалон къабазмæ æмæ креативон индустрияты рæзтмæ æвæрæн. Фестивалы нысантæ æмæ хæстæ сты егъау. Ахсджиаг у канд нырыккон театралон аивад парахат кæнын нæ, фæлæ ма Цæгат Кавказы культурон тыгъдад Уæрæсейы Федерацийы арæнты фидардæр кæнын.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)