филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:07 воскресенье, 01 февраля 2026
31 июля 2024, 12:07
Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гæздæнты Булат

Зындгонд дирижеры йæ фæстаг фæндагыл арвитыны саударæн мадзал ацæудзæн абон Ирон театры

Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, нæ республикæйы фæллойы фыццаг хъæбатыр Гæздæнты Булат. Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ Нарты фæткъуыйы премиты лауреат, Булат 60 азæй фылдæр разамынд лæвæрдта адæмон инструментты национ паддзахадон оркестрæн. Йæ фæрцы бахъахъхъæдтой ирон композиторты уацмыстæ, радтой сын ног комулæфт. Булат схъомыл кодта цалдæр фæлтæры музыканттæ, сæ нæмттæ хъуыстгонд сты æгас Уæрæсейыл.

Æцæг адæмон артист. Национ музыкæйæн æгæрон лæггадгæнæг. Зынгонд дирижер, композитор, дæсны разамонæг. Ахæмæй баззайдзæн Гæздæнты Булат не ппæты зæрдæты дæр. 60 азæй фылдæр разамынд лæвæрдта адæмон инструментты Национ паддзахадон оркестрæн. Йæ фæрцы бантыст ирон композиторты уникалон уацмыстæ бахъахъхъæнын, æмæ сын оркестры айзæлд балæвар кæнын. 2022-æм азы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы указмæ гæсгæ скодтой Гæздæнты Булаты номыл преми. Дæттынц æй дыууæ азы иу хатт, национ музыкæйы жанры ногдзинæдтæ чи равдыста, уыдонæн.

Зындгонд дирижеры бинонтæн æмæ хæстæджытæн тæфæрфæс ракодта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Гæздæнты Булат бахаста стыр æвæрæн Ирыстоны æмæ Уæрæсейы культурæйы райрæзтмæ, национ музыкæ бахъахъхъæнынмæ, артистты ног фæлтæртæ схъомыл кæнынмæ. Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз йæ тæфæрфæсы телы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Булат йæ царды дæргъы  ссис дуджы символ. Кæдфæндыдæр æй фидауын кодтой  йæ арф зондахаст,  рæстдзинад, уды рæсугъддзинад. Булаты сфæлдыстадон бæрзæндтæм никуыма ничи схызтис. Йæ рухс ном æнустæм цæрдзæнис нæ зæрдæты — бахахх кодта Тускъаты Таймураз.

Гæздæнты Булаты мæлæтыл хъыг кæнынц культурæйы архайджытæ, йе мцæдисонтæ, хуымæтæг адæм.

Булат йæ уацмысты баиу кодта ирон адæмы удварн æмæ традицитæ, йæ ном та йын дæрдтыл айхъуысын кодтой йæ хъомылгæнинæгтæ — загъта йæ тæфæрфæсы телы республикæйы культурæйы министр Фидараты Сослан. Тæфæрфæс кæнын æрмæст йæ хæстæджытæн нæ, фæлæ Булаты цардвæндагыл чи андзæвыд, уыдонæн се ппæтæн дæр — загъта ведомствæйы разамонæг.

Уæвгæ, Ирыстоны зын ссарæн у, иу хатт Булаты фæндырдзагъд чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг, йæ тыхджын къухæмдзæгъдæй йын арфæ чи нæ ракодта.  Булат уыд, ивгъуыд дуджы æмæ нæ абоны ирддæр адæймæгтæй иу. Йæ фæстæ цы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, бирæ азты дæргъы сыл зæрдиагæй куыд фыдæбон кодта, ирон адæмæн цы лæггæдтæ фæкодта, уыдон махæй рох нæ уыдзысты, – загъта Театралон архайджыты цæдисы сæрдар, Уæрæсейы федерацийы сгуыхт артист Гуыбиаты Хъазыбег. Цас æмæ цас зæрдæбын ныхæсты хъуысынц ацы бон Гæздæнты Булаты номыл. Æмæ уыдоны аккаг æцæгæйдæр у.

Иу хатт ма уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм – зындгонд дирижеры йæ фæстаг фæндагыл арвитыны саударæн мадзал ацæудзæн абон Ирон театры 12 сахаты æмæ 30 минутыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania