филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 воскресенье, 01 февраля 2026
08 августа 2024, 12:08
Спектакль «Материнское поле»-йы премьерæйæ байгом уыдзæн ног театралон сезон паддзахадон музыкалон-драмон театры Махачкалайы

Режиссер – Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви

Чингиз Айтматовы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Материнское поле»-йы премьерæйæ байгом уыдзæн ног театралон сезон Эффенди Капиевы номыл паддзахадон музыкалон-драмон театры Махачкалайы. Режиссер – Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви. Спектаклы у хуымæтæг киргизаг зæхкусæг сылгоймаджы хъысмæты тыххæй арф истори. Хæсты быдырæй нал сыздæхтысты йæ цардæмбал æмæ йæ фырттæ. Йæхимæ райста колхозæн разамынд дæттыны хæс. Бафæрæзта зындзинæдтæн, схъомыл кодта тугхæстæг ын чи нæу, ахæм хъæбулы. Уалыты Гивийы æмгуыстад дагестайнаг театримæ райдыдта 4 азы размæ, Шекспиры пьесæмæ гæсгæ спектакль «Укрощение строптивой»-æ. Уый бацыд театры репертуармæ. Аивадуарзджытæ йæ бауарзтой. Спектакль «Материнское поле»-йы премьерæ та нысангонд у 25-æм сентябрьмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania