филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 пятница, 27 сентября 2024
26 сентября 2024, 15:59
Дзæуджыхъæуы уыд мюзикл «Фатимæ»-йы генералон репетици

Премьерæ нысангонд у 24-æм октябрьмæ

Мариинаг театры филиалы уыд мюзикл «Фатимæ»-йы генералон репетици. Архайы дзы 150 адæймаджы онг. Сценæйæ райхъуысдзæн 30 ног арийы бæрц. Премьерæ нысангонд æрцыд 24-æм октябрьмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Наибы хойы хъарæг ирон æвзагыл, иннæ сæйраг партитæ иууылдæр уырыссаг æвзагыл сты. Сылгоймаджы зæрдæ рыстæй скъуыны. Ацы сценæйыл фыццаг аивадуарзджытæ сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ. Мюзикл «Фатимæ»-йы генералон репетици уыд Оперæ æмæ Балеты театры.

Мюзиклы архайы 150 адæймаджы онг – фæлтæрдджын артисттæ æмæ фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон. Постановкæйыл кусынц мæскуыйаг специалистты разамындæй. Режиссер Дарья Борисовайы проектмæ æрбахуыдтой, уымæн æмæ Ирыстоны мюзиклы формат ногдзинад у. Сценæйæ хъуысы 30 ног арийы бæрц.

Баиу кæнын нырыккон цæстæнгас æмæ рагон тызмæг æгъдæуттæ. Бæззаты Эдуарды нырма студентæй фæндыд Ибрагимы сурæт саразын, фæлæ йын нæ бантыст. Ныр ын æхсызгон у проекты архайын. Аивадуарзджыты размæ рахæсдзæн Наибы сурæт.

Мюзиклы премьерæ нысангонд у 24-æм октябрьмæ. Аивадуарзджытæ се ппæтæн уарзон уацмыс «Фатимæ» фендзысты ног хуызы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania