филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 05 октября 2024
03 октября 2024, 11:11
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон музыкæйы фестиваль «Фæззæджы зæлтæ»

Уый кадæн номарæн фæйнæг байгом кодтой фыццаг профессионалон композитор Галаты Барисæн

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон музыкæйы фестиваль «Фæззæджы зæлтæ». Уый кадæн номарæн фæйнæг байгом кодтой фыццаг профессионалон композитор Галаты Барисæн. У бирæ инструменталон, симфонион æмæ вокалон уацмысты автор. Галаты Барис Ирыстоны алы рæтты æмбырд кодта, абарæн кæмæн нæй, ахæм аудиофыстытæ. Йæ фæрцы бантыст бахъахъхъæнын 700 рагон музыкалон уацмысæй фылдæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Фыццаг ирон профессионалон композитор, дирижер, Фыццаг дунеон хæсты офицер. Галаты Барисы ном Цæгат Ирыстоны историйы у сызгъæрин дамгъæтæй фыст.   Композиторы 135 азы райгуырды бонмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Æппæты раздæр Галаты Барисы номыл кадджын уавæры байгом кодтой номарæн фæйнæг. Йæ фæдонтæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ  Глинкæйæн Уæрæсейы музыкалон аивады цы стыр бынат ис, Ирыстоны уыцы къабазы ахæм стыр бынат ис Галаты Барисæн. Нымад у ирон композиторты скъолайы бындурæвæрæгыл. Уый байгом кодта профессионалон фæндаг композитортæ Плиты Христофорæн, Гæбæраты Ильяйæн, Æлборты Феликсæн æмæ ма йæ бирæ æндæр ахуыргæнинæгтæн.

 Æппæтадæмон музыкæйы бон Национ музейы байгом Галаты Барисы адæмон инструментты равдыст. Дзæуджыхъæумæ сæ æрбаластой Цхинвалæй, йæ хæдзар-музейæ. Сты 8 инструменты. Композиторы 135 азы райгуырды бон сбæрæг кодтой мартъийы. Йæ кадæн афæдзы дæргъы бирæ мадзæлттæ конд æрцыд. Æрæджы Сабырдзинады проспекты сæвæрдтой,  киноныв «Фатимæ»-йы историйыл дзурæг, 15 стенды. Галаты Барис уыд кинонывы музыкæйы автор. Уый йæ уацмысы арæхстджынæй баиу кодта йæхи фыст æмæ национ музыкæйы зæлтæ. Равдысты фенæн ис уникалон гæххæттытæ – Галаты Барисæн Цæгат Ирыстоны аивады зындгонд кусджытимæ цы фыстæджытæ баззад, уыдонæй скъуыддзæгтæ.

Композиторы сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ бахастой курдиаттæ –  Лескены музыкалон скъолайæн æмæ Мæздæджы районы, композиторы райгуырæн Черноярскæйы станицæйы хъазахъхъаг музейæн Галаты Барисы ном радтынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania