филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:16 суббота, 31 января 2026
05 апреля 2025, 10:46
Дала æмæ хъисын фæндыртæ, нæ сыхаг адæмты музыкалон интрументтæ –  æрмдæснытæ зæрдиагæй бакусынц, æмæ равзæрынц уникалон дзауматæ

34 азы сæххæст Кавказы адæмты музыкалон инструменттæ уадзæг куыстуатыл

34 азы сæххæст Кавказы адæмты музыкалон инструменттæ уадзæг куыстуатыл. Йæ истори райдыдта 1991-æм азы. Йæ саразыны фæнд у, фабрикæ «Терчы» чи фæллой кодта, уыдоны иумæйаг хъуыды. Дала æмæ хъисын фæндыртæ, нæ сыхаг адæмты музыкалон интрументтæ –  æрмдæснытæ зæрдиагæй бакусынц, æмæ равзæрынц уникалон дзауматæ.

Роман Пуга у фæндыртæ аразæг. Йæ бавнæлд – рæвдз. Роман йæ куысты пайда кæны сæрмагонд æндадзæнæй. Зындгонд ын у, æндæрхуызон æрмæг хъæндзинæдтæ кæй ратдзæн, уый.

Кавказы адæмты музыкалон инструменттæ уадзæг уникалон куыстуатыл цæуы 34 азы. Йæ истори райдыдта 1991 азы.    Йæ саразыны фæнд у, уыцы рæстæг фабрикæ «Терчы» чи фæллой кодта, уыдоны иумæйаг хъуыды.

Æппæты фыццаг куыстуаты аразын райдыдтой Цæгат Кавказы арæхдæр кæмæй пайда кæнынц, ахæм фæндыртæ – диатониконтæ æмæ хроматиконтæ. Фæстæдæр та бакуыстой инструменты ног хуызыл – хроматикон фæндыр цæттæ аккомпанементимæ. Ам сраст кæнынц фæндырты хъæлæстæ, цæмæй инструменттæ рæсугъд зæлой.

2000 азты райдиан æрмдæснытæ рацарæзтой ирон национ хъисын æмæ, æрдынæй пайдагæнгæйæ цы инструменттæй фæцæгъдынц, ахæмтæ – дала, хъисын, дыууадæстæнон фæндыртæ æмæ къæрцгæнаг.

Музыканттæ арæхдæр пайда кæнынц,   «Кавказы базыртæ» кæй хонынц, уыцы фæндырæй. Йæ автор у Зозырты Игорь. Се *ппæт инструменттыл дæр сæ саразджытæ зæрдиагæй бакусынц – афтæмæй равзæрынц уникалон дзауматæ.

Фæндыртæ аразджытæ ныртæккæ архайынц, сæфтыл нымад чи сты, ахæм рагон музыкалон инструменттæ сног кæныныл. Уый тыххæй æмгуыстад кæнынц ахуыргæндтимæ æмæ музыканттимæ. Уый сын фадат ратдзæн, раздæр куыд конд уыдысты, ныр дæр сæ афтæ аразынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania