Сæ курдиат дзы раргом кодтой Камерон театр ШКиТ æмæ театралон архайджыты цæдисы уæнгтæ
Мæздæджы районы культурæйы Галуаны равдыстой хæрзаудæн спектакль «Подруги». Сæ курдиат дзы раргом кодтой Камерон театр ШКиТ æмæ театралон архайджыты цæдисы уæнгтæ. Цымыдисаг комеди арф мидисимæ дзурæг у хистæр фæлтæры цардыл. Сæйраг хъайтар Галина Сергеевна. Уыцы сурæт йæхиуыл сбарста Мæздæджы цæрæг, театралон архайджыты цæдисы уæнг Елена Давыдова. Йæхимæ уазæгуаты æрбахуыдта йæ хорз æмбæлтты Ларисæйы æмæ Верæйы. Радзырдта сын, йæ сыхаг Игорь Петровичимæ куыд базонгæ, уый тыххæй. Фæлæ афтæ рауад, æмæ нæлгоймаг се ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. Аивадуарзджыты размæ рахастой фарста – цæмæй фæуыдзæн ацы цымыдисаг истори. Спектакль афтæ тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ, æмæ артисттæн æмдзæгъд кодтой лæугæйæ. Цы фæрæзтæ сæмбырд кодтой, уыдонæй баххуыс кæндзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн.




